https://sputnik-ossetia.com/20210929/Khussar-Iry-KhM-kusy-respublikyy-dykkag-PTsR-laboratoriyy-arztadyl-12881114.html
Хуссар Иры ӔХМ кусы республикӕйы дыккаг ПЦР-лабораторийы арӕзтадыл
Хуссар Иры ӔХМ кусы республикӕйы дыккаг ПЦР-лабораторийы арӕзтадыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног лабораторийӕн фӕрӕзтӕ ныридӕгӕн рахицӕн кодта Уӕрӕсейы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, уырдыгӕй ма республикӕмӕ ӕрцӕудзӕн дохтыр-лаборант, кӕцы... 29.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-29T17:45+0300
2021-09-29T17:45+0300
2021-09-29T16:29+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/07/12476230_0:414:2905:2048_1920x0_80_0_0_2d626b8a99ad19e1bd6523c37853cd5f.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзорӕй дарддӕр бакӕндзысты ноджы иу ПЦР-лаборатори, фехъусын кодта журналисттӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ПЦР-лабораторийы арӕзтад нывӕндынц ацы азы кӕронмӕ.Уымӕй дарддӕр министр банысан кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад дарддӕр кӕй исы ног специалистты."Сӕрибар бынӕттӕ бирӕ ис, фӕлӕ махмӕ фаг специалисттӕ нӕй, уый фӕдыл мах бирӕты ӕркӕнӕм Цӕгат Ирыстонӕй. Афтӕ ма мах сӕвӕрӕм информаци ваканситы фӕдыл уӕрӕсейаг сайттыл. Ис нӕм куырдиӕттӕ Инди ӕмӕ Африкӕйӕ дӕр", - банысан кодта министр.Наниты Сослан бахахх кодта, уагдоны минӕвӕрттӕ кӕй дзуапп кӕнынц кандидатты фарстытыл, кӕцыты зӕрдӕмӕ арӕх нӕ цӕуы мыздты ӕмвӕзад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/07/12476230_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_260dae84b55675d316de7e87c1eb1556.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры ӔХМ кусы республикӕйы дыккаг ПЦР-лабораторийы арӕзтадыл
Ног лабораторийӕн фӕрӕзтӕ ныридӕгӕн рахицӕн кодта Уӕрӕсейы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, уырдыгӕй ма республикӕмӕ ӕрцӕудзӕн дохтыр-лаборант, кӕцы кусдзӕн хуссарирыстойнаг специалисттимӕ иумӕ
ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзорӕй дарддӕр бакӕндзысты ноджы иу ПЦР-лаборатори, фехъусын кодта журналисттӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ПЦР-лабораторийы арӕзтад нывӕндынц ацы азы кӕронмӕ.
"Мах сарӕзтам къахдзӕфтӕ уӕрӕсейаг Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадимӕ, алцӕуыл дӕр баныхас кодтам. Афтӕ ма нын рахицӕн кодтой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ. Уӕрӕсейӕ ныридӕгӕн ӕрцыд дохтыр-лаборант, кӕцы кусдзӕн ног лабораторийы", - загъта Наниты Сослан.
Уымӕй дарддӕр министр банысан кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад дарддӕр кӕй исы ног специалистты.
"Сӕрибар бынӕттӕ бирӕ ис, фӕлӕ махмӕ фаг специалисттӕ нӕй, уый фӕдыл мах бирӕты ӕркӕнӕм Цӕгат Ирыстонӕй. Афтӕ ма мах сӕвӕрӕм информаци ваканситы фӕдыл уӕрӕсейаг сайттыл. Ис нӕм куырдиӕттӕ Инди ӕмӕ Африкӕйӕ дӕр", - банысан кодта министр.
Наниты Сослан бахахх кодта, уагдоны минӕвӕрттӕ кӕй дзуапп кӕнынц кандидатты фарстытыл, кӕцыты зӕрдӕмӕ арӕх нӕ цӕуы мыздты ӕмвӕзад.