Хуссар Иры Знауыры районы ӕртӕ хъӕумӕ аразынц фӕндаг

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры Знауыры районы ӕртӕ хъӕумӕ аразынц фӕндаг
Хуссар Иры Знауыры районы ӕртӕ хъӕумӕ аразынц фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2021
Рафыссын
Фарн, Пичъиджын ӕмӕ Сиукъаты хъӕутӕм фӕндаг арӕзт куы фӕуа, уӕд та аразджытӕ сӕ хъусдард аздахдзысты Терегуаны алыварс хъӕутӕм
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ӕртӕ хъӕумӕ арӕзт цӕуы фӕндаг. Куыстытӕ ӕххӕст куы фӕуой, уӕд ӕнцонвадат фӕндаг фӕзындзӕн Фарн, Пичъиджын ӕмӕ Сиукъаты хъӕутӕм, уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Оттаты Алена.
Хуссары Иры хӕрзарӕзт ӕрцыд хосгӕнӕн суадоны донгуырӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2021
Хуссары Иры хӕрзарӕзт ӕрцыд хосгӕнӕн суадоны территори
Фӕндаджы дӕргъ у фондз километры бӕрц. Аразджытӕ йӕм сӕ хъусдард аздӕхтой дыууӕ къуырийы размӕ. 
"Куыстыты фылдӕр хай ӕххӕст фесты, йӕ 80 проценты у арӕзт. Кӕм нӕ ифтонгад фӕстиат кӕны, кӕм та ӕрдз, фӕлӕ иу къуырийы ӕмгъуыдмӕ фӕуыдзыстӕм", - хъусын кӕны пресс-службӕ районы ЦКХ хистӕр Сиукъаты Гайозы ныхӕстӕ.
Пресс-службӕйы ма бафтыдтой, фӕндаг фӕстаг хатт арӕзт ӕрцыд дыууӕ азы размӕ. Пичъиджыны цӕрджытӕ ма фӕндагӕй дарддӕр тыхсынц доны проблемӕйӕ.
"Дон нын рауагътой ивгъуыд аз, фӕлӕ йын бассейн кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ гыццыл къӕвдайы дӕр сызмӕнты. Фӕлӕ нын ныфс дӕттынц уымӕй дӕр",- загъта хъӕуы цӕрӕг Цхуырбаты Борис.
Ног хабӕртты лентӕ
0