Хуссар Иры социалон дзулы аргъ фæфылдæр ис 22 сомы онг

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры социалон дзулы аргъ фæфылдæр ис 22 сомы онг
Хуссар Иры социалон дзулы аргъ фæфылдæр ис 22 сомы онг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2021
Рафыссын
Абоны онг Хуссар Иры дзулфыцæн комбинаты уагъд дзулы аргъ уыд 18 сомы, фыццæгæм октябрæй аргъ фæфылдæр цыппар сомы
ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 1 октябрæй ссады фыццаг сортæй 600 граммы уæзæн социалон дзулы аргъ фæфылдæр ис цыппар сомы. Уый фæбæрæг ис хицауады рабадты.
Цхинвалы дзулфыцӕн комбинат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2021
Хуссар Ирыстоны фӕнд кӕнынц схӕцын дзулы аргъыл
Дзулфыцӕн комбинаты хистӕр Цхуырбаты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, паддзахадон субсидиты фӕрцы фӕстаг ӕртӕ азы нӕ фӕфылдӕр ис дзулы аргъ. Уыимӕ иумӕ уӕлӕмӕ цӕуынц хомӕг ӕмӕ электроэнергийы ӕргътӕ. Уый тыххӕй дзулы аргъ йӕ бынаты бауромыны фадат сын нал уыд.
Сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты нымадмӕ гӕсгӕ, социалон дзулы хӕрдзтӕ лӕууынц 2021 азы 27 азы.
Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий баныфсӕвӕрдта, хицауад дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн уагдонӕн 6,6 милуан сомы субсидитӕй иу аз, цӕмӕй аргъ бауромой 22 сомыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0