https://sputnik-ossetia.com/20211003/Khussar-Iry-drddzf-khuy-sarmaydzysty-rstdinon-arguan-12891825.html
Хуссар Иры дӕрддзӕф хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан
Хуссар Иры дӕрддзӕф хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан
Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры районы Хуымты хъӕуы кувӕндоны арӕзтады инициатортӕ развӕлгъау райстой Алайнаг епархийы динанамонджыты разыдзинад ӕмӕ арфӕ 03.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-03T10:10+0300
2021-10-03T10:10+0300
2021-10-04T10:47+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
дин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/01/12892022_0:264:1036:850_1920x0_80_0_0_12857ce583430b577e7f072302a0d254.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азмӕ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хуымты (Гвиргина) хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан, фехъусын кодта Sputnik этнограф, журналист, ацы хъӕуӕй рацӕугӕ Хъуылымбегты Роберт.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инициатортӕ развӕлгъау райстой Алайнаг епархийы динанамонджыты разыдзинад ӕмӕ арфӕ.Уый ма бафтыдта, арӕзтады хъӕппӕрис кӕй раразмӕ кодта хъӕуы цӕрӕг Хъуылымбегты Ахмӕт. Нырмӕ уал сын бантыст фидӕны арӕзтады бынаты сӕвӕрын дзуар.Уымӕй размӕ Хъуылымбегты мыггаг самадтой Рекомы кувӕндон Хъларсы хъӕуы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/01/12892022_0:231:1036:883_1920x0_80_0_0_2f43855dabb477d79a6f3cc427675b07.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, дин
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, дин
Хуссар Иры дӕрддзӕф хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан
10:10 03.10.2021 (Ранӕуӕггонд: 10:47 04.10.2021) Знауыры районы Хуымты хъӕуы кувӕндоны арӕзтады инициатортӕ развӕлгъау райстой Алайнаг епархийы динанамонджыты разыдзинад ӕмӕ арфӕ
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азмӕ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хуымты (Гвиргина) хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан, фехъусын кодта Sputnik этнограф, журналист, ацы хъӕуӕй рацӕугӕ Хъуылымбегты Роберт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инициатортӕ развӕлгъау райстой Алайнаг епархийы динанамонджыты разыдзинад ӕмӕ арфӕ.
"Ирон адӕммӕ ис рагон традици - кувӕндон куы фӕамайынц, уӕд сӕйраг дзуарӕй ӕрхӕссынц дур. Ныр дӕр ацы ӕгъдау нӕ фӕивта. Сыгъдӕг Мад Майрӕмы кувӕндонӕй Зиулеты хъӕуӕй рахастой дур. Фыд Иаков саргъуыдта бынатыл", - загъта Хъуылымбегты Роберт.
Уый ма бафтыдта, арӕзтады хъӕппӕрис кӕй раразмӕ кодта хъӕуы цӕрӕг Хъуылымбегты Ахмӕт. Нырмӕ уал сын бантыст фидӕны арӕзтады бынаты сӕвӕрын дзуар.
Уымӕй размӕ Хъуылымбегты мыггаг самадтой Рекомы кувӕндон Хъларсы хъӕуы.