Хуссар Иры Монастъеры цӕрӕгӕн хӕрзаудӕн фонд балӕвар кодта цӕрӕнуат

© Пресс-служба "Единой Алании"Хуссар Иры Монастъеры цӕрӕгӕн хӕрзаудӕн фонд балӕвар кодта цӕрӕнуат
Хуссар Иры Монастъеры цӕрӕгӕн хӕрзаудӕн фонд балӕвар кодта цӕрӕнуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2021
Рафыссын
Къуындӕг авналӕнтимӕ 70-аздзыд Зозиашвили Тариэл цӕры иунӕгӕй, ӕввахс адӕмӕй йын ис ӕрмӕст хотӕ, фӕлӕ уыдон цӕрынц Дзӕуджыхъӕуы. Лӕг та йӕ райгуырӕн къуымӕй никуыдӕм комы цӕрынмӕ
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хӕрзаудӕн фонд "Аланийы иудзинад" Хуссары Ирыстоны Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы цӕрӕгӕн, кӕцы цард ӕвзӕр уавӕрты, самал кодта цӕрӕн вагон. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы пресс-службӕйы.
Нӕлгоймаг йӕ проблемӕйы фӕдыл бахатыд паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолиймӕ, тыхст ӕмбӕстӕгӕн цӕрӕнуат самал кӕнынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой президенты хӕрзаудӕн фондӕй.
"Ног цӕрӕн вагон сӕвӕрдтой дыццӕджы. Хъуыддагыл архайдтой "Иугонд Аланийы" активисттӕ дӕр. Раздӕр сахъат нӕлгоймаг цард ӕвзӕр уавӕрты", - загътой уагдоны.
Къуындӕг авналӕнтимӕ 70-аздзыд Зозиашвили Тариэл цӕры иунӕгӕй, ӕввахс адӕмӕй йын ис ӕрмӕст хотӕ, фӕлӕ уыдон цӕрынц Дзӕуджыхъӕуы. Тариэл та йӕ райгуырӕн къуымӕй никуыдӕм комы цӕрынмӕ.
Фонд "Аланийы иудзинад"-ӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2017 азы, йӕ фӕрӕзтӕй ӕрмӕст хӕдзӕртты агъуыстытӕ раивтой 300, уымӕй дарддӕр ма арӕзт цӕуынц хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕ дӕр. 
Ног хабӕртты лентӕ
0