Хуссар Иры сæйраг терапевт радзырдта, цал адæймаджы рацыд вакцинаци коронавирусы ныхмæ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæвакцинаци
вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2021
Рафыссын
Дохтыртæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй прививкæтæ саразæг æмбæстæгты симптомтæ иууылдæр сты нормæйы фæлгæтты, уæззау фæстиуджытæ вакцинæйæ республикæйы не сбæрæг
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу минæй фылдæр адæймаджы рацыдысты вакцинаци коронавирусон инфекцийы ныхмæ, астсæдæйæ чысыл фылдæр та ныридæгæн сарæзтой дыккаг компонент дæр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сæйраг терапевт Санахъоты Тамара.
Вакцинаци республикæйы райдыдта уалдзæджы, уæд Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ æрластой дыууæкомпонентон вакцинæ "Спутник V"-йы дыууæ мин дозæйы.
"Абоны онг фыццаг компонент сарæзтой 1021 адæймаджы, дыккаг та - 820", - загъта Санахъоты Тамара.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, вакцинацийы кампанийы æппæт рæстæджы дæр республикæйы не сбæрæг сты прививкæ саразыны уæззау фæстиуджыты цаутæ. Вакцинæ саразджытæн-иу æрмæстдæр чысыл рæстæгмæ схызт сæ буары хъæрмад.
 Covid-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2021
Хуссар Иры COVID-19 сбӕрӕг кодтой 89 адӕймагӕн иу суткӕмӕ
"Вакцинацийы фæстæ вæййы цалдæр симптомы - 2-3 боны фæихæн кæнынц, схизы тæвд. Пациенттæн радтæм æмбарынгæнæн гæххæттытæ, цы ран фыст ис, уый нормæ кæй у. Симптомтæ стæй сæхæдæг ацæуынц алкæмæн дæр", - бамбарын кодта дохтыр.
Сæйраг терапевт ма радзырдта, зæгъгæ, кæй нæй гæнæн вакцинæ саразын ахæм адæмæн, кæцытæн ис уæззау аллергион реакци анамнезы, афтæ ма иугæндзойнон низтæ карз стадийы кæмæн сты, уыдонæн.
"Уыдонæн вакцинæ саразæн ис, æрмæстдæр сæ уавæр куы фæхуыздæр уа, уæд, фæлæ æнæмæнгæй дæр дохтыры консультацийы фæстæ", - бахахх кодта Санахъоты Тамара.
Уый фехъусын кодта, вакцинæ республикæйы нырма кæй ис фаг, æмæ кæд фæцух уой, уæд та Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ ис æмбæлон бадзырдтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0