Генпрокуратурӕ агуры Хуссар Иры хицауады аппараты раздӕры хистӕры

© Sputnik / Наталья АйриянГенпрокуратурӕ агуры хицауады аппараты раздӕры хистӕры
Генпрокуратурӕ агуры хицауады аппараты раздӕры хистӕры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2021
Рафыссын
Раздӕры бӕрнон кусӕг ӕмӕ ма ноджы хицауады аппараты иу кусӕджы азым кӕнынц фондз милуан сомы ӕнӕмбӕлон хардзы
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг хицауады аппараты раздӕры  сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег ӕмӕ бухгалтерон управленийы разамонӕг Абайты Ландайы ныхмӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Уголовон хъуыддаг конд ӕрцыд 15 сентябры ацы аз УФ уголовон кодексs 285 статьяйы фыццаг пунктмӕ гӕсгӕ - уый хауы бюджетон фӕрӕзты ӕнӕнысанмӕ здӕхтӕй хардз кӕныны фарстмӕ. Нысан цӕуы, дзырд кӕй цӕуы 4,8 милуан сомыл.
"Ныры онг Гаглойты Олег фӕдагурӕджы сидтмӕ нӕ бацыд ӕмӕ йӕ уый тыххӕй радтой агуырдмӕ", - дзырдӕуы генералон прокуратурӕйы хъусинаджы.
Ныридӕгӕн цӕуы сгарӕн куыст.
Президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Гаглойты Олегы 2020 азы кӕрон. Уый разамынд дӕтта хицауады аппаратӕн авд азы дӕргъы - 2013 азӕй фӕcтӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0