Цхинвайлаг сабитӕн лӕвар: Цӕгат Ирӕй ӕрырвыстой журнал "Ногдзау"-ы ног номыртӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Журнал "Ногдзау"
Журнал Ногдзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2021
Рафыссын
Сабиты журналы ног номыртӕ уӕрст цӕуынц Цхинвалы Сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуаны, скъола-интернатыл, Ленингоры районы сывӕллӕтты хӕдзары, Знауыры районы ӕмӕ Алайнаг епархийыл
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕн Цӕгат Ирыстонӕй ӕрырвыстой лӕвар - сабиты журнал "Ногдзау"-ы ног номыры сӕдӕ экземплярӕй фылдӕр.
Мадина Чибирова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2016
Цыбырты Мӕдинӕ ӕртӕ азы йӕхи фӕрӕзтӕй уадзы сабиты журнал
Сабиты журналы ног номыртӕ уӕрст цӕуынц Цхинвалы Сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуаны, скъола-интернатыл, Ленингоры районы сывӕллӕтты хӕдзары, Знауыры районы ӕмӕ Алайнаг епархийыл.
Ныридӕгӕн Ирыстоны хуссары дӕр ӕмӕ цӕгаты дӕр "Ногдзау" у иунӕг сабиты журнал. Йӕ редактор Сӕлбиты Дианайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мыхуыры орган архайы, цӕмӕй журнал Хуссары Ирыстонмӕ хӕццӕ кӕна ӕмӕ йӕ конкурсты хайад истой хуссары минӕвӕрттӕ дӕр.
"Рафысты кампанийы райдайӕны Цӕгат Ирыстоны экс-сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕххуысхъуаг бинонты зӕнӕгӕн ӕмӕ сидзӕр сывӕллӕттӕн рафыста журнал. Стӕй ма уый ӕнӕмӕнгхъӕуӕг домӕнтӕ нымадта, цӕмӕй журналы номыр хӕццӕ кӕна Хуссар Ирыстонмӕ дӕр", - загъа редактор.
Уый ма бафтыдта, журналы коллектив кӕй архайы, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕ дӕр архайой йӕ конкурсты ӕмӕ хайад истой йӕ куысты.
"Зӕгъӕн ис ӕмӕ алы номыры дӕр вӕййы ӕрмӕг Хуссар Ирыстонӕй - "мӕ мыггаджы истори", "мӕ бинонты истори" ӕмӕ ӕндӕртӕ. Пандемийы аххосӕй ныр дыууӕ азы бӕрц конкурстӕ уадзӕм дистанцион форматы, архайынц уым дӕр, фӕлӕ нӕ куыд фӕнды, афтӕ активонӕй нӕ. Мах архайӕм, цӕмӕй хайад истой, ныффыстам фыстӕг Ахуырады министрадмӕ дӕр", - бафтыдта уый.
© Sputnik / Natalia Airiyan Журнал "Ногдзау"
Журнал Ногдзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Журнал "Ногдзау"
Сабиты журналы редактор ма бафтыдта, сывӕллӕтты иунӕг журнал кӕй хъуамӕ суа иумӕйаг.
"Ацы ӕмгуыстад суыдзӕн ног къахдзӕф ӕфсымӕрон ахастыты", - банысан кодта Сӕлбиты Диана.
Редакцийы коллектив радон номырмӕ цӕттӕ кӕны Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн боны цытӕн.
"Нӕ фарстыл социалон хызӕгтыл фӕзындзӕн хъусинаг конкурсы фӕдыл. Хонӕм Хуссар Ирыстоны минӕвӕртты дӕр хайадистмӕ", - бахахх кодта редактор.
Ног хабӕртты лентӕ
0