https://sputnik-ossetia.com/20211008/Tskhinvaly-mediko-sotsialon-tsentry-atsyd-dispanserizatsi-12921613.html
Цхинвалы медико-социалон центры ацыд диспансеризаци
Цхинвалы медико-социалон центры ацыд диспансеризаци
Sputnik Хуссар Ирыстон
Диспансеризацийы рӕстӕджы пациенттимӕ бакуыстой ахӕм специалисттӕ, куыд кардиолог, психиатр, хирург, невролог ӕмӕ офтальмолог 08.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-08T12:52+0300
2021-10-08T12:52+0300
2021-10-08T12:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/883/84/8838475_0:160:3073:1888_1920x0_80_0_0_14059af7d37170f3952b41df210f4e1e.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центры дохтыртӕ ауагътой ӕрвылазон диспансеризаци Цхинвалы медико-социалон центры цӕрджыты хсӕн. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы банысан кодтой, дохтырты бригадӕ кӕй басгӕрстой пансионаты 18 ӕдзухон цӕрӕджы ӕмӕ йӕ кусджыты.Сӕ хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй диспансеризацийы фӕлгӕтты ацыд клиникон-лабораторон иртӕстытӕ, эхокардиограммӕ ӕмӕ УЗИ."Бакуыстой ахӕм специалисттӕ куыд кардиолог, психиатр, хирург, невролог ӕмӕ офтальмолог", - бафтыдтой пресс-службӕйы.Хуссар Ирыстоны медико-социалон центры ныртæккæ цæры 25 карджын адæймаджы. Хуссар Иры зæрæтты хæдзар 2019 азы уалдзæджы рацарæзтой Хуссар Иры медико-социалон центрмæ, ног статусимæ объект райста ног бæстыхай дæр. Иунæг æмæ низæфхæрд адæмы ног хæдзар æрбынат кодта столицæйы цæгатфарс микрорайонтæм хæстæг.
https://sputnik-ossetia.com/20200430/Kuyd-khakhkhd-sty-koronavirusy-Tskhinvaly-atsrg-admy-pansionaty-tsrdzhyt-10506419.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/883/84/8838475_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_e22d661d1ff882e5bc152da01061b2a0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы медико-социалон центры ацыд диспансеризаци
Диспансеризацийы рӕстӕджы пациенттимӕ бакуыстой ахӕм специалисттӕ, куыд кардиолог, психиатр, хирург, невролог ӕмӕ офтальмолог
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центры дохтыртӕ ауагътой ӕрвылазон диспансеризаци Цхинвалы медико-социалон центры цӕрджыты хсӕн. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы банысан кодтой, дохтырты бригадӕ кӕй басгӕрстой пансионаты 18 ӕдзухон цӕрӕджы ӕмӕ йӕ кусджыты.
"Пациенттӕй ног низтӕ никӕмӕн рабӕрӕг ис. Кӕцыдӕрты баххӕст кодтой цух терапийӕ. Центры цӕрджыты фылдӕр бӕрц сты неврологон рынчынтӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Сӕ хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй диспансеризацийы фӕлгӕтты ацыд клиникон-лабораторон иртӕстытӕ, эхокардиограммӕ ӕмӕ УЗИ.
"Бакуыстой ахӕм специалисттӕ куыд кардиолог, психиатр, хирург, невролог ӕмӕ офтальмолог", - бафтыдтой пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны медико-социалон центры ныртæккæ цæры 25 карджын адæймаджы. Хуссар Иры зæрæтты хæдзар 2019 азы уалдзæджы рацарæзтой Хуссар Иры медико-социалон центрмæ, ног статусимæ объект райста ног бæстыхай дæр. Иунæг æмæ низæфхæрд адæмы ног хæдзар æрбынат кодта столицæйы цæгатфарс микрорайонтæм хæстæг.