Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 43 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 97 рынчыны коронавирусӕй, республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 6947 адӕймагыл
ЦХИНВАЛ, 12 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 43 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Югосетпотребнадзоры лабораторийы хуыцаубоны сарӕзтӕуыд 218 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 43 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1457 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 40 мин иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6947. Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5490 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0