Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты Цхинвалы лекцитӕ Нарты эпос ӕмӕ фӕсивӕдон проблемӕтыл

© Картина Махарбека Туганова/ фото: Дзерасса БиазартиУӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты Цхинвалы лекцитӕ Нарты эпос ӕмӕ фӕсивӕдон проблӕматыл
Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты Цхинвалы лекцитӕ Нарты эпос ӕмӕ фӕсивӕдон проблӕматыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2021
Рафыссын
Зассеты Мерабы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейаг делегаци Цхинвалы уыдзӕн 15-16 октябры
ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейаг специалисттӕ Цхинвалы Национ музейы ратдзысты лекцитӕ Нарты эпосы фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Зассеты Мераб.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг уазджытӕн Хуссар Ирыстоны фембӕлдтӕ уыдзӕн Цхинвалы бирӕпрофилон колледжы ахуырдзаутимӕ ӕмӕ Национ музейы та хистӕркъласонтимӕ.
"Краснодаримӕ иумӕ кусӕм дыууӕ азы бӕрц. Уыдон фӕнды ауадзын къорд лекцийы ам. Сӕ архивон службӕйы къухдариуӕггӕнӕг ахуыр кӕны Нарты эпос, уый фӕнды йӕ иртӕстытӕ радзурын ӕмӕ фехъусын нӕ хъуыды. Армавиры юридикон колледжы ахуыргӕнӕг, кӕцы куыста "Кавказ наш общий дом"-ы нывӕзтыл, ныхас кӕндзӕн хъомылады фарстытыл ӕмӕ терроризмы профилактикӕйыл", - загъта Зассеты Мераб.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейаг делегаци Цхинвалы уыдзӕн 15-16 октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0