Дзауы районы сӕйраг дохтыр COVID-19-ы тыххӕй: уавӕр бонӕй-бонмӕ карздӕр кӕны

© Sputnik / Natalia AiriyanДзауы рынчындон
Дзауы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2021
Рафыссын
Сӕйраг дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, районон рынчындоны нӕй уавӕртӕ коронавирусы фӕдыл уӕззау рынчынтӕн хос кӕнынӕн
ЦХИНВАЛ, 14 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы коронавирусимӕ уавӕр карздӕр кӕны бонӕй-бонмӕ. Кӕд сентябры районы сбӕрӕг кодтой 29 фӕрынчынуӕвӕджы, уӕд октябры ӕмбисмӕ та сӕ нымӕц схызт 38 онг, фехъусын кодта Sputnik районы сӕйраг дохтыр Гасситы Константин.
 Знауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2021
Хуссар Иры Знауыры районы фӕфылдӕр ис коронавирусӕй рынчынты нымӕц
"Уавӕр бонӕй-бонмӕ карздӕр кӕны. Индиаг штамм куыд ӕппӕт республикикӕйы, афтӕ махмӕ дӕр никӕуыл ауӕрды. Рынчын кӕнынц стырӕй-чысылӕй. 38 адӕймаджы хос кӕнынц амбулаторон уавӕрты, дӕс адӕймаджы та РБМЦ-ы инфекцион хайады", - загъта Гасситы Константин.
Сӕйраг дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, районон рынчындоны нӕй уавӕртӕ коронавирусы фӕдыл уӕззау рынчынтӕн хос кӕнынӕн.  
"Уавӕр ноджы кӕд февзӕрдӕр уа, уӕд скъуыддзаг цӕудзӕн районы рынчындоны дӕр "сырх зонӕ" бакӕныны фарст. Фӕлӕ рынчындоны ис ӕрмӕст иу терапевт, уый дӕр ис тасы зонӕйы, йӕ кармӕ гӕсгӕ", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0