Музыканттӕ Плиты Олег ӕмӕ Джиоты Люба ныффыстой иумӕйаг трек

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Олег
Плиты Олег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2021
Рафыссын
Джиоты Люба ӕмӕ Плиты Олег иумӕ ахуыр кодтой Аивӕдты лицейы ӕмӕ бирӕ хатт хайад истой алыгъуызон сфӕлдыстадон мадзӕлтты, уый фӕдыл сын зарӕг ныффыссыны зындзинӕдтӕ нӕ фӕзынд
ЦХИНВАЛ, 14 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны зарӕггӕнджытӕ Плиты Олег ӕмӕ Джиоты Люба ныффыстой иумӕйаг трек уарзондзинадыл "Вспоминай", радзырдта Sputnik Плиты Олег. Зарӕджы релиз ацӕудзӕн 1 ноябрьмӕ ӕввахс. 
"Уый у зарӕг уарзондзинадыл. Фыццаг ӕй хъуамӕ ныффыстаиккам укулелейыл (гитарӕйы хуыз), фӕлӕ стӕй аскъуыддзаг кодтам бафӕлварын нырыккон бакуыст, ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕвзӕр нӕ рацыд", - радзырдта зарӕггӕнӕг.
Зарӕджы ныхӕстӕ ӕмӕ музыкӕ ныффыста Плиты Олег йӕхӕдӕг.
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2021
Цхинвалы ацыд Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт-презентаци
"Фыццаг зарӕг ныффыстон мӕхицӕн. Бирӕ фӕлӕууыд, цалынмӕ йӕ азарыдтӕн аудиофыстӕджы Любайӕн. Уымӕн зарӕг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд", - бафтыдта уый.
Джиоты Люба ӕмӕ Плиты Олег иумӕ ахуыр кодтой Аивӕдты лицейы ӕмӕ бирӕ хатт хайад истой алыгъуызон сфӕлдыстадон мадзӕлтты, уый фӕдыл сын зарӕг ныффыссыны зындзинӕдтӕ нӕ фӕзынд.
"Зарӕг мӕнӕн фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ йӕ адӕм дӕр бауарздзысты", - загъта Джиоты Люба.
Плиты Олег бирӕ хатт ссис ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреат. Фарон ӕвзонг зарӕггӕнӕг рамбылдта Ӕхсӕнадӕмон вокалон конкурс "Хрустальный микрофон"-ы, афтӕ ма ссис дыккаг къӕпхӕны лауреат Ӕхсӕнадӕмон конкурс-фестивалы "Мы вместе".
Джиоты Люба ссис зындгонд Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ.
 
 
Ног хабӕртты лентӕ
0