Фӕбӕрӕг ис датӕ, кӕд фехъусын кӕндзысты литературон конкурс "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæФӕбӕрӕг ис датӕ, кӕд фехъусын кӕндзысты литературон конкурс "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты
Фӕбӕрӕг ис датӕ, кӕд фехъусын кӕндзысты литературон конкурс Булӕмӕргъ-ы лауреатты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.10.2021
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ" арӕзт ӕрцыд 2016 азы ирон ӕвзаджы популяризацийы тыххӕй. 2020 азы премийы Совет бакодта номинаци автортӕн, кӕцытӕ фыссынц уырыссаг ӕвзагыл
ЦХИНВАЛ, 15 окт – Sputnik. V Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреатты фехъусын кӕндзысты 15 ноябры – бӕрӕгбонон церемони ацӕудзӕн Мӕскуыйы, хъусын кӕны Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады пресс-службӕ.
Мадзалы фӕлгӕтты ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны фыццаг фӕндаг амонӕджы презентаци, кӕцы рауагътой Мӕскуыйы.
"Юбилейон мадзалмӕ ӕрбацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кӕцы официалон хайы фӕстӕ сдзуапп кӕндзӕн журналистты фарстытыл. Мадзалмӕ ма фӕхуыдтой Уӕрӕсейы ФХМ, Россотрудничество, дипломатон мисситӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы фыссджыты Цӕдисы къухдариуӕгад", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ" сарӕзтӕуыд 2016 азы ирон ӕвзаджы популяризацийы нысаниуӕгӕн. 2020 азы премийы Совет бакодта номинаци автортӕн, кӕцытӕ фыссынц уырыссаг ӕвзагыл.
Ирон номинацийы фыццаг премийы бæрц у 60 000 сомы бæрц, дыккаг премии – 40 000 сомы, æртыккаг та – 30 000 сомы. "Уырыссаг" преми дӕттынц иу номинацийы 60 000 сомы бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0