https://sputnik-ossetia.com/20211015/Khussar-Iry-nysan-knynts-Khetgkaty-Kostayy-162-rayguyrn-bon-12949377.html
Хуссар Иры нысан кӕнынц Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон
Хуссар Иры нысан кӕнынц Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыссӕг, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг йӕ мӕлӕтӕй ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ дӕр ирон адӕмы хсӕн у иууыл зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр... 15.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-15T12:08+0300
2021-10-15T12:08+0300
2021-10-15T13:22+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/05/12906488_0:17:3072:1745_1920x0_80_0_0_e5ead2061168b951ac5075cb80d43342.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны дзыллӕ хуссары ӕмӕ цӕгаты дӕр майрӕмбоны, 15 октябры нысан кӕны Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон.Фыссӕг, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг йӕ мӕлӕтӕй ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ дӕр ирон адӕмы хсӕн у иууыл зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр гоймаг.Къостайы райгуырӕн бон ӕнӕ нысан никуы ацӕуы. Генийы цыртытӕм фӕхӕссынц дидинтӕ, ӕнустӕм актуалон ӕмдзӕвгӕтӕ сты ахуыргӕнӕн нывӕзтты, сценӕйыл ӕвӕрд цӕуынц йӕ уацмыстӕ.Фыссӕджы райгуырӕн боны Цхинвалы йӕ цыртмӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр равдисдзӕн спектакль. Мысӕн мадзӕлттӕ ацӕуыдзысты скъолатӕ ӕмӕ уагдӕтты.Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны аивад ӕмӕ литературӕйы фадыджы дӕр абон иууыл ахадгӕдӕр премитӕй иу у Хетӕгкаты Къостайы номыл преми. Уынгтӕ ӕмӕ йын цыртытӕ ис Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы алы къуымты, йӕ ном хӕссынц скъолатӕ, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ. Йӕ ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгондтӕ тӕлмац цӕуынц ӕндӕр ӕвзӕгтӕм абон дӕр.
https://sputnik-ossetia.com/20201013/Kosta--suuon-staly-tmnkalg-khur-akhuyrgng-iron-geniyy-tykhkhy-11272286.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0a/05/12906488_325:0:3054:2047_1920x0_80_0_0_0d8823df078179c45518093cc56ab8b2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Хуссар Иры нысан кӕнынц Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон
12:08 15.10.2021 (Ранӕуӕггонд: 13:22 15.10.2021) Фыссӕг, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг йӕ мӕлӕтӕй ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ дӕр ирон адӕмы хсӕн у иууыл зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр гоймаг
ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны дзыллӕ хуссары ӕмӕ цӕгаты дӕр майрӕмбоны, 15 октябры нысан кӕны Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон.
Фыссӕг, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг йӕ мӕлӕтӕй ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ дӕр ирон адӕмы хсӕн у иууыл зындгонддӕр ӕмӕ кадджындӕр гоймаг.
Къостайы райгуырӕн бон ӕнӕ нысан никуы ацӕуы. Генийы цыртытӕм фӕхӕссынц дидинтӕ, ӕнустӕм актуалон ӕмдзӕвгӕтӕ сты ахуыргӕнӕн нывӕзтты, сценӕйыл ӕвӕрд цӕуынц йӕ уацмыстӕ.
Фыссӕджы райгуырӕн боны Цхинвалы йӕ цыртмӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр равдисдзӕн спектакль. Мысӕн мадзӕлттӕ ацӕуыдзысты скъолатӕ ӕмӕ уагдӕтты.
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны аивад ӕмӕ литературӕйы фадыджы дӕр абон иууыл ахадгӕдӕр премитӕй иу у Хетӕгкаты Къостайы номыл преми. Уынгтӕ ӕмӕ йын цыртытӕ ис Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы алы къуымты, йӕ ном хӕссынц скъолатӕ, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ. Йӕ ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгондтӕ тӕлмац цӕуынц ӕндӕр ӕвзӕгтӕм абон дӕр.