Беслӕны аэропорт сэвакуаци кодтой "минӕйы" фӕдыл хъусинаджы фӕстӕ

© Sputnik / Наталья АйриянАэропорт
Аэропорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Рафыссын
Беслӕны аэропорт сэвакуаци кодтой, ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ бӕстыхайы рӕмудзӕн ӕрмӕджы сӕвӕрды тыххӕй куы фехъусын кодтой, уый фӕстӕ
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Беслӕны сэвакуаци кодтой пассажиртӕ ӕмӕ аэропорт "Дзӕуджыхъӕуы" кусджыты бӕстыхайы рӕмудзӕн ӕрмӕджы сӕвӕрды фӕдыл информацийы фӕстӕ, кӕцы ӕртыццӕджы фехъусын кодта ӕбӕрӕг гоймаг. Уый тыххй хъусын кӕны 15-ӕм регион аэропорты пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
УУМ кусӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2021
Цӕгат Иры сгарынц информаци скъолаты минӕтӕ сӕвӕрыны фӕдыл
Хъусинаджы фӕстӕ цӕгатирыстойнаг аэропорты сарӕзтой эвакуаци, афтӕ ма ӕрурӕдтой рейстӕ дӕр.
"Ныридӕгӕн фӕцис сгӕрст минӕйы фӕдыл информаци, хъусинаг раст нӕ разынд", - загътой аэропорты пресс-службӕйы.
Аэропорт "Дзӕуджыхъӕу" ныридӕгӕн сног кодта йӕ куыст ӕрвылбонон режимы.
Ног хабӕртты лентӕ
0