https://sputnik-ossetia.com/20211021/Gugkaty-Evelina-Galuanty-Lyuda-bazzaydzn-iron-teatry-istoriyy-12971869.html
Гугкаты Эвелина: Галуанты Люда баззайдзӕн ирон театры историйы
Гугкаты Эвелина: Галуанты Люда баззайдзӕн ирон театры историйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелина радио Sputnik эфиры радзырдта ирон театры райрӕзтмӕ Галуанты Людмилайы хайбавӕрды тыххӕй 21.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-21T14:21+0300
2021-10-21T14:21+0300
2021-10-26T11:56+0300
радио иронау
радио
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/1d/12584535_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_93714d5215baaf88a6c4b2d38b8a3e1c.jpg
Гугкаты Эвелина: Галуанты Люда баззайдзӕн ирон театры историйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Гугкаты Эвелина: Галуанты Люда баззайдзӕн ирон театры историйы
Цхинвалы уӕззау низы фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕй Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмила. Йӕ коллегӕ ӕмӕ ӕмкъурсон Гукаты Эвелина куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Людмила уыд, 1960-ӕм азты театр чи сӕндидзын кодта, уыцы ӕвзонг артистты фӕлтӕрӕй."Галуанты Люда историйы баззайдзӕн. Уый уыйбӕрц уарзта аивад ӕмӕ йӕ куыст, ӕмӕ йыл-иу дис кодтой йӕ архайдыл. Люда куыд уарзта йӕ професийы, афтӕ мӕхицӕй мӕ бон нӕу загъын", - загъта Гугкаты Эвелина.Артисткӕ ма куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Галуанты Людмилаимӕ ахуыр кодтой Мӕскуыйы МХАТ-скъола-студийы. Людмила Графы чызг ӕнтысджынӕй каст фӕци театралон ахуыргӕнӕндон."Пушкин, Достоевский, Чехов баззадысты уырыссаг литературӕйы классикӕйы, фӕлӕ Люда та баззайдзӕн ирон аивадон театры классикӕй", - бафиппадта уый.Гугкаты Эвелина ма ӕрымысыд, гастролты рӕстӕджыты-иу ӕндӕр театры куысджытӕ куыд бӕллыдысты, цӕмӕй Галуанты Людмила ӕрбафта сӕ театрмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/1d/12584535_314:0:3045:2048_1920x0_80_0_0_1e4793c99af486891c6b9441a800c8ff.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , радио, аудио
радио иронау , радио, аудио
Гугкаты Эвелина: Галуанты Люда баззайдзӕн ирон театры историйы
14:21 21.10.2021 (Ранӕуӕггонд: 11:56 26.10.2021) Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелина радио Sputnik эфиры радзырдта ирон театры райрӕзтмӕ Галуанты Людмилайы хайбавӕрды тыххӕй
Цхинвалы уӕззау низы фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕй Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмила. Йӕ коллегӕ ӕмӕ ӕмкъурсон Гукаты Эвелина куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Людмила уыд, 1960-ӕм азты театр чи сӕндидзын кодта, уыцы ӕвзонг артистты фӕлтӕрӕй.
"Галуанты Люда историйы баззайдзӕн. Уый уыйбӕрц уарзта аивад ӕмӕ йӕ куыст, ӕмӕ йыл-иу дис кодтой йӕ архайдыл. Люда куыд уарзта йӕ професийы, афтӕ мӕхицӕй мӕ бон нӕу загъын", - загъта Гугкаты Эвелина.
Артисткӕ ма куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Галуанты Людмилаимӕ ахуыр кодтой Мӕскуыйы МХАТ-скъола-студийы. Людмила Графы чызг ӕнтысджынӕй каст фӕци театралон ахуыргӕнӕндон.
"Пушкин, Достоевский, Чехов баззадысты уырыссаг литературӕйы классикӕйы, фӕлӕ Люда та баззайдзӕн ирон аивадон театры классикӕй", - бафиппадта уый.
Гугкаты Эвелина ма ӕрымысыд, гастролты рӕстӕджыты-иу ӕндӕр театры куысджытӕ куыд бӕллыдысты, цӕмӕй Галуанты Людмила ӕрбафта сӕ театрмӕ.