Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.10.2021
Рафыссын
Галуанты Людмила йӕ цардӕй ахицӕн 85-аздзыдӕй. Уый бавӕрдтой Хуссар Ирыстоны Националон пантеоны. Номдзыд артисткӕйӕн фӕстаг хӕрзбон загътой Паддзахадон драмон театры
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik, Козаты Диана. Сӕдӕгай адӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй фӕстаг хӕрзбон зӕгъой Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмилайӕн. Номдзыд актрисӕ, ирон интеллигенцийы ирд минӕварӕн майрӕмбоны загътой фӕстаг хӕрзбон.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Похороны Людмилы Галавановой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Граждайнаг панихидӕ ацыд Паддзахадон драмон театры бӕстыхайы, кӕцыйы сценӕйыл Галуанты Людмила сӕххӕст кодта дӕсгай фӕлгонцтӕ. Йӕ фӕстаг фӕлгонц театры сценӕйыл уый сӕххӕст кодта спектакль "Ныййарӕджы кадӕг"-ы. Йӕ коллегӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг ӕзты уымӕн йӕ бӕллиц уыд ногӕй рахизын сценӕмӕ.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Похороны Людмилы Галавановой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Фыдохы митинг адарддӕр ис Театралон фӕзуатыл.
"Людмилайыл гӕнӕн ис бирӕ дзурын, фӕлӕ дзырдтӕ алыхатт дӕр фаг нӕ уыдзысты", - загъта актрисӕйы коллегӕ Къацты Филипп.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ дзырдтой Галуанты Людмилайы поэтикон курдиаты тыххӕй, йӕ бӕрзонд граждайнаг позицийыл, йӕ хайбавӕрдыл Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады арӕзтадмӕ.
Гугкаты Эвелина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2021
Гугкаты Эвелина: Галуанты Люда баззайдзӕн ирон театры историйы
Хуссар Ирыстоны парламенты цалдӕр ӕрсидты депутат Кокойты Тарзаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Галуанты Людмилайы сфӕлдыстадон курдиат нырма хъӕуы сахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ йын уыд диссаджы граждайнаг ӕмӕ ӕхсӕнадон позици.
Зындгонд актрисӕйӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад дӕр президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, Галуанты Людмила алкӕцы фӕлгонц дӕр ӕххӕст кодта бӕрзонд ӕмвӕзадыл.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Похороны Людмилы Галавановой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
"Абон Галуанты Людмила сӕххӕст кодта сценӕйыл йӕ фӕстаг фӕлгонц. Фӕлгонц, кӕцы йын нӕ радта режиссер ӕмӕ йыл кӕцы нӕ фидауы. Фӕлӕ уӕззау низ нӕ радта фадат уымӕн сӕххӕст кӕнын фӕлгонц, кӕцыйы йын цӕттӕ кодтой йӕ 85 азы юбилеймӕ", - загъта президент.
Поэт Чехойты Александр бафарста тӕфӕрфӕсы телтӕ, кӕцытӕ ӕрбарвыстой оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероника, кинорежиссер, актер, продюсер, зарӕггӕнӕг Салбиты Аким, Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр, Цӕгат Ирыстоны парламенты депутаттӕ, Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнад, Цӕгат Ирыстоны академион театр ӕмӕ ӕндӕртӕ.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Похороны Людмилы Галавановой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд артисткӕ Галуанты Людмилайӕн
Галуанты Людмилайы чырын хастой театры актертӕ. Йӕ фӕдыл айхъуыст Сагкаты Валерийы зарӕг "Мӕ Ирыстон", кӕцыйӕн ӕмдзӕвгӕ ныффыста Галуанты Людмила йӕхӕдӕг. Ацы уацмыс бирӕтӕ нымайынц бӕстӕйы ӕнӕофициалон гимныл.
Галуанты Людмила ахицӕн йӕ цардӕй 85-аздзыдӕй. Уый бавӕрдтой Хуссар Ирыстоны Националон пантеоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0