Ленингоры районы Захъхъоры хъӕуы фӕуд кӕны ног хиды арӕзтад

© Пресс-служба Ленингорского района РЮОЛенингоры районы Захъхъоры хъӕуы фӕуд кӕны ног хиды арӕзтад
Ленингоры районы Захъхъоры хъӕуы фӕуд кӕны ног хиды арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.10.2021
Рафыссын
Захъхъоры хъӕуы тагъд уыдзӕн фадат пайда кӕнын ног хидӕй. Афтӕ ма коммуналон службӕтӕ сцалцӕг кӕндзысты фӕндаг, кӕцы иу кӕны хъӕуы дыууӕ хай
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ленингоры районы Уӕллаг Захъхъоры хъӕуы бынӕттон хицауад фӕуд кӕны ног хиды арӕзтад. Районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй 2014 азӕй фӕстӕмӕ ацы фадыг уыд проблемон, уымӕн ӕмӕ донивылды рӕстӕджы хид ныккалд.
Суг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2021
Хуссар Иры районон уагдӕтты хъармгӕнӕн сезонмӕ сифтонг кӕндзысты сугӕй
"Уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕрджытӕ иннӕ донбылмӕ хызтызты доны уылты. Ацы проблемӕйы тыххӕй цӕрджытӕ фехъусын кодтой Ленингоры районы сӕргълӕууӕг Гулиты Владимирӕн. Уый фӕстӕ аскъуыддзаг кодтой саразын ног ӕхсӕзметрон хид", - банысан кодта Кокойты Анжела.
Арӕзтад ӕххӕст кӕны Ленингоры районы Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад (ЦКХ), куыстытӕ цӕуынц тагъд темпты, ӕмӕ хид скусдзӕн ӕввахс бонты, бахахх кодта пресс-секретарь.
"Районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гулиты Владимир банфсӕвӕрдта цӕрджытӕн, хиды уылты цӕуыны бар кӕй уыдзӕн уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн дӕр", - загъта Кокойты Анжела.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, районы администрацийы коммуналон службӕтӕ сцалцӕг кодтой фӕндаджы фадыг дӕр, кӕцы иу кӕны Дӕллаг ӕмӕ Уӕллаг Захъхъор.
© Пресс-служба Ленингорского района РЮОЛенингоры районы Захъхъоры хъӕуы фӕуд кӕны ног хиды арӕзтад
В селе Заккор Ленингорского района завершают строительство нового моста - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Ленингоры районы Захъхъоры хъӕуы фӕуд кӕны ног хиды арӕзтад
Ног хабӕртты лентӕ
0