https://sputnik-ossetia.com/20211023/Kokoyty-Tarzan-Galuanty-Lyudayn-iuuyl-dissag-uyd-ye-mbstagon-pozitsi-12980197.html
Кокойты Тарзан: Галуанты Людайӕн иууыл диссаг уыд йе 'мбӕстагон позици
Кокойты Тарзан: Галуанты Людайӕн иууыл диссаг уыд йе 'мбӕстагон позици
Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты раздӕры депутат, мидхъуыдтӕгты министры хӕдивӕг Кокойты Тарзаны раныхас Галуанты Людмилайӕн фӕстаг харзбон зӕгъыны церемонийы 23.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-23T12:49+0300
2021-10-23T12:49+0300
2021-10-26T11:43+0300
радио иронау
радио
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1064/87/10648759_0:0:2380:1339_1920x0_80_0_0_c4db628b91e3430c595a5c86f744ad3c.jpg
Кокойты Тарзан: Галуанты Людайӕн иууыл диссаг уыд йӕ ӕмбӕстагон позици
Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Тарзан: Галуанты Людайӕн иууыл диссаг уыд йӕ ӕмбӕстагон позици
Хуссар Ирыстоны аивад ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ хӕрзбон загътой Адӕмон артисткӕ, поэт Галуанты Людмилайӕн. Фыдохы митинджы церемонийы Кокойты Тарзан йӕ раныхасы банысан кодта, Людмилайӕн йе сфӕлдыстадон курдиат нырма иртӕстгонд кӕй не ‘рцыд."Фӕлӕ иууыл диссаг уыд йӕ ӕмбӕстагон позици. Ирыстоны сӕрмӕ сау мигътӕ куы ‘ртымбыл сты, ӕмӕ ныл гадзрахатӕй куы рацыдысты алӕрдыгӕй дӕр, уӕд хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый алчи не ‘мбӕрста. Фӕлӕ Галуанты Люда уыд, чи йӕ ‘мбӕрста, уыдонӕй", - загъта Кокойты Тарзан.Тарзаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Галуанты Людмилайы фӕлтӕр сӕхиуыл банкъардтой ирон ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ националон традициты дӕлдзиныг."Диссаг уыд йӕ ныфсхаст, парламенты кусгӕйӕ афтӕ дзырдта – ныфсхастдзинад дам у уӕлахизӕн йе ‘мбис", - банысан кодта Кокойты Тарзан.Уый ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Людмила Графы чызг ӕмбӕрста, сӕрибардзинад кӕй никуы вӕййы лӕварӕй дӕтгӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1064/87/10648759_129:0:2380:1688_1920x0_80_0_0_39e06e79dec8dc2586a173afbca64804.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , радио, аудио
радио иронау , радио, аудио
Кокойты Тарзан: Галуанты Людайӕн иууыл диссаг уыд йе 'мбӕстагон позици
12:49 23.10.2021 (Ранӕуӕггонд: 11:43 26.10.2021) Парламенты раздӕры депутат, мидхъуыдтӕгты министры хӕдивӕг Кокойты Тарзаны раныхас Галуанты Людмилайӕн фӕстаг харзбон зӕгъыны церемонийы
Хуссар Ирыстоны аивад ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ хӕрзбон загътой Адӕмон артисткӕ, поэт Галуанты Людмилайӕн. Фыдохы митинджы церемонийы Кокойты Тарзан йӕ раныхасы банысан кодта, Людмилайӕн йе сфӕлдыстадон курдиат нырма иртӕстгонд кӕй не ‘рцыд.
"Фӕлӕ иууыл диссаг уыд йӕ ӕмбӕстагон позици. Ирыстоны сӕрмӕ сау мигътӕ куы ‘ртымбыл сты, ӕмӕ ныл гадзрахатӕй куы рацыдысты алӕрдыгӕй дӕр, уӕд хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый алчи не ‘мбӕрста. Фӕлӕ Галуанты Люда уыд, чи йӕ ‘мбӕрста, уыдонӕй", - загъта Кокойты Тарзан.
Тарзаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Галуанты Людмилайы фӕлтӕр сӕхиуыл банкъардтой ирон ӕвзаг, культурӕ ӕмӕ националон традициты дӕлдзиныг.
"Диссаг уыд йӕ ныфсхаст, парламенты кусгӕйӕ афтӕ дзырдта – ныфсхастдзинад дам у уӕлахизӕн йе ‘мбис", - банысан кодта Кокойты Тарзан.
Уый ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Людмила Графы чызг ӕмбӕрста, сӕрибардзинад кӕй никуы вӕййы лӕварӕй дӕтгӕ.