Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ахуырты Абхазы

© МО РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ахуырты Абхазы
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ахуырты Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2021
Рафыссын
Республикӕйы ӕфсӕддонтӕ хайад истой иумӕйаг ахуырты иууыл ахсджиагдӕр этапы, кӕцыйы рӕстӕджы бакуыстой территориалон хъахъхъӕнынады хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Абхазы фесты ӕхсӕнадӕмон-командон ахуыртӕ, кӕцыты хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы батальоны ӕфсӕддонтӕ дӕр. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ
"Организаторты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддонты раз, ӕнтыстджын ӕххӕст скодтой", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ахуырты фыццаг дыууӕ этапыл ауагътой цӕттӕгӕнӕн мадзӕлттӕ.
Ахуырты ӕртыккаг этап ацыд Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады полигон Цабалы, уым тактикон уӕлдӕфон десанты сконды хайад райстой хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ.
"Ацы этапыл хӕстон ӕхстытимӕ Абхаз, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы дӕлхайӕдтӕ сӕххӕст кодтой иумӕйаг хӕслӕвӕрдтӕ дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы скуынӕг кӕныны фӕдыл", - бафтыдтой уагдоны.
Нысангонд ӕрцыд, хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонты архӕйдтытӕм ӕркаст ацӕудзӕн уагдоны сӕргълӕууӕг инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы къухдариуӕгады бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0