Хуссар Иры театр ацыд гастрольты Уӕрӕсемӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЗима в Цхинвале
Зима в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2021
Рафыссын
Хуссары Ирыстоны сфӕлдыстадон къорд рахиздзӕн ӕртӕ горӕты театрты сценӕмӕ - Воронеж, Липецк ӕмӕ Ярославлы
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ къуырисӕры афӕндараст ис гастрольты Уӕрӕсемӕ. Республикӕйы сфӕлыстадон къорд ралӕудзӕн ӕртӕ горӕты дыууӕ спектаклимӕ, фехъусын кодта Sputnik аивадон разамонӕг Дзудцаты Тамерлан.
Гастрольтӕ сарӕзта Росконцерт Уӕрӕсейы культурӕйы министрады нывӕзты фӕлгӕтты. Труппӕйӕн ацӕуынӕн баххуыс кодта президент Бибылты Анатолий.
"Хуссары Ирыстоны труппӕ сӕ балц райдайдзысты Ярославлӕй, уым артисттӕ равдисдзысты спектакль "Къоста". Мӕйы кӕрон - 30-31 октябры труппӕ уыдзӕн Липецкы, уым коллектив равдисдзӕн "Антигона" ӕмӕ "Коста". Дыккӕгӕм ӕмӕ ӕртыккӕгӕм ноябры ацы нывӕзт сфӕлхат кӕндзысты Воронежы", - загъа аивадон разамонӕг.
Спектакль Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2021
Нывӕзт фӕивта: дыууӕ ирон театры аргъӕвтой дыууӕварсон гастрольтӕ
Дзудцаты Тамерлан трагеди "Антигона" сӕвӕрдта французаг драматург Жан Ануй антикон сюжеты бындурыл пьесæмæ гæсгæ. Сӕйраг хъайтарты фӕлгӕнцтӕ ӕххӕст кæнынц ӕвзонг актертӕ — Бекъойты Зӕринӕ Антигонайы ролы ӕмӕ Цоциты Андрей та йӕ уарзон Гемоны ролы. Уыдонӕн ацы спекталь у сӕ дебютон.
Хуссар Иры театры фыццаг музыкалон-литературон композици Хетæгкаты Къостайы тыххæй сæвæрдта уæрæсейаг режиссер роман Габиа. Гениалон поэт кæсæджы раз æрлæууы æртæ хуызы - йæ адæмы бартыл тохгæнæг, Къоста Анна Поповамæ уарзондзинады тæмæны æмæ Къоста низæфхæрдæй
Ног хабӕртты лентӕ
0