https://sputnik-ossetia.com/20211025/Ostaty-Alan-genotsidy-temyyl-pesyn-rmg-mbyrd-kodton-khistr-admy-mysingty-12967895.html
Остъаты Алан: геноциды темӕйыл пьесӕйӕн ӕрмӕг ӕмбырд кодтон хистӕр адӕмы мысинӕгтӕй
Остъаты Алан: геноциды темӕйыл пьесӕйӕн ӕрмӕг ӕмбырд кодтон хистӕр адӕмы мысинӕгтӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыссӕг, журналист Остъаты Алан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон адӕмы геноцидыл цы пьесӕ ныффысста, ууыл 25.10.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-10-25T14:25+0300
2021-10-25T14:25+0300
2021-10-26T11:41+0300
радио иронау
радио
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/928/71/9287183_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_0497cbb036d44a2977485b73494edf09.jpg
Остъаты Алан: мӕ пьесӕйӕн ӕрмӕджытӕ тымбыл кодтон хистӕр кары адӕмы мысинӕгтӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Остъаты Алан: мӕ пьесӕйӕн ӕрмӕджытӕ тымбыл кодтон хистӕр кары адӕмы мысинӕгтӕй
Паддзахадон драмон театр ирон адӕмы геноциды амӕттӕгтыл цӕттӕ кӕны Остъаты Аланы фыст пьесӕ "Фӕстаг ӕвдисӕн". Карантинон мадзӕлттӕ бахъыгдардтой 2020 азы равдисын ацы спектакль, авторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕхӕдӕг дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы ацы премьерамӕ."Спектаклы хайад исынц 64 актеры - ныхас кӕмӕн ис, уыдон, ӕнӕ массовкӕйӕ нымайгӕйӕ, ӕмӕ уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд ӕй адӕм фендзысты", - загъта Алан.Фыссӕджы ныхӕсӕм гӕсгӕ, спектаклы ӕвдыст цӕуы нӕ историйы ахсджиагдӕр хай, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хъӕуы лӕмбынӕгӕй ӕрӕвналын, суанг актерты дарӕс ӕмӕ сценӕйы ифтонгадӕй.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕджытӕ ссарын уыд тынг зын, ӕмӕ фылдӕр пайда кодта хистӕр кары адӕмӕй цы мысинӕгтӕ хъуыста, уыдонӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/928/71/9287183_115:0:2846:2048_1920x0_80_0_0_a3fadabba88409949c82f75c7ae6cbda.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , радио, аудио
радио иронау , радио, аудио
Остъаты Алан: геноциды темӕйыл пьесӕйӕн ӕрмӕг ӕмбырд кодтон хистӕр адӕмы мысинӕгтӕй
14:25 25.10.2021 (Ранӕуӕггонд: 11:41 26.10.2021) Фыссӕг, журналист Остъаты Алан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон адӕмы геноцидыл цы пьесӕ ныффысста, ууыл
Паддзахадон драмон театр ирон адӕмы геноциды амӕттӕгтыл цӕттӕ кӕны Остъаты Аланы фыст пьесӕ "Фӕстаг ӕвдисӕн". Карантинон мадзӕлттӕ бахъыгдардтой 2020 азы равдисын ацы спектакль, авторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕхӕдӕг дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы ацы премьерамӕ.
"Спектаклы хайад исынц 64 актеры - ныхас кӕмӕн ис, уыдон, ӕнӕ массовкӕйӕ нымайгӕйӕ, ӕмӕ уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд ӕй адӕм фендзысты", - загъта Алан.
Фыссӕджы ныхӕсӕм гӕсгӕ, спектаклы ӕвдыст цӕуы нӕ историйы ахсджиагдӕр хай, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хъӕуы лӕмбынӕгӕй ӕрӕвналын, суанг актерты дарӕс ӕмӕ сценӕйы ифтонгадӕй.
"Гуырдзы кӕй ныццагътой, уыцы фысджытӕ: Хъуылаты Созырыхъо, Гаглойты Рутен ӕмӕ ӕндӕртӕ, уыдон цы ныффыстой, ӕмӕ нӕм уыдонӕй цы баззад, уымӕй дарддӕр советон дуджы фысджытӕ ницы ныууагътой аивадон уацмысы хуызы. Уыдонӕн дӕр бамбарӕн ис, уӕд ахӕм идеологи уыд, фӕлӕ ӕз фӕхъуыды кӕнын, уӕды фысджытӕ сусӕгӕй уӕддӕр цӕмӕннӕ исты ӕрмӕджытӕ ӕмбырд кодтой, чи зоны нымудзынӕй тарстысты", - бафиппайдта Остъаты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕджытӕ ссарын уыд тынг зын, ӕмӕ фылдӕр пайда кодта хистӕр кары адӕмӕй цы мысинӕгтӕ хъуыста, уыдонӕй.