Уыдзӕн ӕви нӕ? Къуайсайӕ Дзӕуджыхъӕумӕ бакодтой фӕлварӕн комкоммӕ рейс

© Sputnik / Natalia Airiyan Къуайса
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.10.2021
Рафыссын
Ӕхсӕнадон транспорт уал ныридӕгӕн сарӕзта иу рейс Дзӕуджыхъӕумӕ, фӕлӕ бӕлццӕтты нымӕц уыд цъус
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы цӕрджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ Къуайсайӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ацыд фыццаг фӕлварӕн рейс. Автобус ныххӕццӕ кодта ӕрмӕст фондз бӕлццоны, фехъусын кодта Sputnik горӕты разамонӕг Бӕззаты Геннадий.
Цхинвалы районы хъæутæм ног рейс сæхгæдтой фæстæмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2021
Цъус бæлццæттæ: Цхинвалы районы хъæутæм ног рейс сæхгæдтой фæстæмæ
Фыццаг рейс ацыд цыппӕрӕмы, фӕстӕмӕ раздӕхт хуыцаубоны. Социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ цин кӕнынц ногдзинадыл, фӕлӕ ӕрфидар уыдзӕн, уый нырма бӕрӕг нӕу.
"Ивгъуыд къуыри уыд фыццаг фӕлварӕн. Адӕм нӕм хатыдысты рейс бакӕнын, уымӕ гӕсгӕ бахатыдтӕн республикӕйы разамынадмӕ, уыдон бахӕс кодтой фарст алыг кӕнын автотранспорты управленийӕн. Рахицӕн нын кодтой иу автобус. Уый рацыд Цхинвалӕй Къуайсамӕ, уырдыгӕй та Дзӕуджыхъӕумӕ", - загъта горӕты мэр.
Бӕззаты Геннадий ма бафтыдта, зӕгъгӕ, фыццаг фӕлварӕнӕй бӕрӕг у, рейс йӕ хӕрдзтӕ кӕй не' мбӕрзы.
"Мах фӕндыд, цӕмӕй нын рахицӕн кӕной автобус ӕмӕ бынатӕй цӕуа. Фӕлӕ ахӕм хуызы кусдзӕн, уый у дызӕрдыггаг, уымӕн ӕмӕ йын ис стыр хӕрдзтӕ", - бафтыдта Бӕззаты Геннадий.
Къуайсайы цӕрджытӕ та нымайынц, зӕгъгӕ, фыццаг рейсы цъус бӕлццӕттӕ кӕй уыд, уый аххосаг уыд, адӕмӕй ӕй кӕй нӕ зыдтой, уый мидӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0