Хуссар Иры Нацбанчы сӕргълӕууӕг радзырдта, куыд кусдзӕн уагдон ӕнӕкусгӕ къуыри

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Нацбанк ӕнӕкусгӕ къуыри кусдзӕн хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодта Sputnik финансон уагдоны сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна.
Президент Бибылты Анатолий расидт 1-ӕй 7-ӕм ноябрмӕ ӕнӕкусгӕ къуыри, цӕмӕй ӕруромой коронавирусы апарахат. Афтӕмӕй президенты барамынды дзырдӕуы, зӕгъгӕ, паддзахадон куыстуӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕтты разамонджытӕ хъуамӕ бакусой кусджыты радгӕсадыл, цӕмӕй уыцы бонты организациты архайд бынтондӕр ма ӕрлӕууа.
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры кӕнынц ӕнӕкусгӕ къуыри
Уагдӕтты фылдӕр хайы мыздтӕ мӕйы райдайӕны кӕй фидынц, уый фӕдыл бирӕты цымыдис кодта, куыд райсдзысты мыздтӕ ӕнӕкусгӕ къуыри.
"Нацбанк кусдзӕн хуымӕтӕг режимы, мах ӕххӕст кӕндзыстӕм алы операци дӕр. Фӕлӕ ӕнӕкусгӕ къуыри фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм кусджыты нымӕц", - загъта Джиоты Жанна.
Ахӕм принципмӕ кусдзӕн финансты министрад дӕр. Уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ банысан кодта, фидӕн къуыри кӕй не сты улӕфт бонтӕ, ӕмӕ министрад кусдзӕн президенты барамындмӕ гӕсгӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0