Уӕрӕсейы фӕдагуырды комитет ауадздзӕн басгӕрст скифты сыгъзӕрины нӕраздахыны фӕдыл

© Sputnik / РИА НовостиСкифты сыгъзӕрин
Скифты сыгъзӕрин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.10.2021
Рафыссын
Бастрыкин бахӕс кодта Уӕрӕсейы Фӕдагуырды комитеты барадон ифтонгад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады дӕлхайӕдӕн УФ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадимӕ баххуыс кӕнын ауадзын басгӕрст ӕмӕ лӕмбынӕгӕй сахуыр кӕнын уавӕр
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik. Уӕрӕсейы Фӕдагуырды комитеты сӕргълӕууӕг Александр Бастрыкин бахӕс кодта ауадзын равзӕрст Хъырымӕн скифты сыгъзӕрин нӕраздахыны фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.
Нысангонд ӕрцыд, скъуыддзаджы фӕдыл гӕнӕн ис бахъаст кӕнын Нидерландыйы Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ.
"Уӕрӕсейы Фӕдагуырды комитеты сӕргълӕууӕг бахӕс кодта республикӕ Хъырым ӕмӕ горӕт Севастополы Сӕйраг фӕдагуырды дӕлхайады разамонӕг Терентьевӕн сорганизаци кӕнын басгӕрст республикӕ Хъырымы культурон хӕзнаты нӕраздахыны фӕдыл", - хъусын кӕны агентад Фӕдагуырды комитеты минӕвар Светлана Петренкойы ныхӕстӕ.
Дыццӕджы Амстердамы Апелляцион тӕрхондон рахаста уынаффӕ, скифты сыгъзӕрин кӕй хъуамӕ радтой Украинайӕн. Скифты сыгъзӕрины уникалон коллекци аластой хъырымаг музейтӕй "Крым: золото и секреты Черного моря" равдыстмӕ Амстердамы Аллард Пирсоны музеймӕ 2014 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0