https://sputnik-ossetia.com/20211108/khussar-iry-tsorbisy-khauy-rukhsy-problema-alyg-kodtoy-khauay-ratsauga-amaliuagganadzhy-fartsy-14634736.html
Хуссар Иры Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕджы фӕрцы
Хуссар Иры Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕджы фӕрцы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕг Цхуырбаты Вадимы... 08.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-08T12:31+0300
2021-11-08T12:31+0300
2021-11-08T13:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/08/14634609_0:0:1440:810_1920x0_80_0_0_447dcf455ae297637261cec6783b78ac.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕг Цхуырбаты Вадимы фӕрцы, уый цӕрӕн пунктӕн самал кодта трансформатор.Хъӕуы цӕрджытӕ тыхстысты электроифтонгадимӕ ӕдзух проблемӕтӕ кӕй уыд, уымӕй. Уӕлдай иу сарӕх сты зымӕгон период рухсы хаххыл уӕзы гуырахст куы фӕтыхджындӕр ис, уӕд.Хъӕуы хӕрзгӕнӕг йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй ифтонгад 'рхӕццӕ ис республикӕмӕ.Падзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" бавнӕлдта ног ифтонгад ӕвӕрынмӕ бавнӕлдта.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/08/14634609_0:0:1440:1080_1920x0_80_0_0_773909b57c6811c75c9faa3e2f4745c5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕджы фӕрцы
12:31 08.11.2021 (Ранӕуӕггонд: 13:32 08.11.2021) ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы рухсы проблемӕ алыг кодтой хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕг Цхуырбаты Вадимы фӕрцы, уый цӕрӕн пунктӕн самал кодта трансформатор.
Хъӕуы цӕрджытӕ тыхстысты электроифтонгадимӕ ӕдзух проблемӕтӕ кӕй уыд, уымӕй. Уӕлдай иу сарӕх сты зымӕгон период рухсы хаххыл уӕзы гуырахст куы фӕтыхджындӕр ис, уӕд.
Хъӕуы хӕрзгӕнӕг йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй ифтонгад 'рхӕццӕ ис республикӕмӕ.
"Объекты тых у 250 кВт. Уый ӕлхӕд ӕрцыд йӕ ӕмбӕрзӕн ифтонгадимӕ. Хъӕуы цӕрджыты ацы фарст рагӕй тыхсын кодта, паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-мӕ дӕр бахатыдысты, фӕлӕ фӕстиаттӕ хынцгӕйӕ ӕз мӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтон фарст", - загъта Sputnik Цхуырбаты Вадим.
Падзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" бавнӕлдта ног ифтонгад ӕвӕрынмӕ бавнӕлдта.