https://sputnik-ossetia.com/20211109/bibylty-anatoliy-raarfa-kodta-daniel-ortegayan-nikaraguayy-avzarstyty-ualakhizy-tykhkhay-14647953.html
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн Никарагуайы ӕвзӕрстыты уӕлахизы тыххӕй
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн Никарагуайы ӕвзӕрстыты уӕлахизы тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн, Республикӕ Никарагуайы президентӕй йӕ ногӕй кӕй... 09.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-09T15:34+0300
2021-11-09T15:34+0300
2021-11-09T15:34+0300
хуссар ирыстоны
дунейы
ног хабӕрттӕ
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/900/27/9002789_0:0:1245:701_1920x0_80_0_0_066a1bba197584f4303fe57a4639fc92.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн, Республикӕ Никарагуайы президентӕй йӕ ногӕй кӕй равзӕрстой, уый фӕдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Хуыцаубоны Никарагуайы ацыдысты иумӕйаг ӕвзӕрстытӕ. Хъӕлӕсӕппӕрстмӕ сӕ хъус дардтой 200 фылдӕр хӕдбар цӕстдарӕджы, се 'хсӕн Хуссар Ирыстонӕй дӕр. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг равдыста ныфс, иумӕйаг тыхтӕй дыууӕварсон хӕларадон ахастытӕ, кӕцытӕ сӕвзӕрдысты Хуссар Ир ӕмӕ Никарагуайы хсӕн, дарддӕр дӕр кӕй рӕздзысты.Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбарндзинад 2008 азы сентябры ӕмӕ ссис фыццаг бӕстӕ, кӕцы Уӕрӕсейы фӕстӕ банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/900/27/9002789_290:0:1238:711_1920x0_80_0_0_d0f55f2f3a9085f1636cd7726337fe58.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, дунейы, ног хабӕрттӕ, политикӕ
хуссар ирыстоны, дунейы, ног хабӕрттӕ, политикӕ
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн Никарагуайы ӕвзӕрстыты уӕлахизы тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Даниэль Ортегайӕн, Республикӕ Никарагуайы президентӕй йӕ ногӕй кӕй равзӕрстой, уый фӕдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Хуыцаубоны Никарагуайы ацыдысты иумӕйаг ӕвзӕрстытӕ. Хъӕлӕсӕппӕрстмӕ сӕ хъус дардтой 200 фылдӕр хӕдбар цӕстдарӕджы, се 'хсӕн Хуссар Ирыстонӕй дӕр.
"Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, цӕрджыты ӕмӕ дын мӕхи номӕй арфӕ кӕнын президентон ӕвзӕрстыты фӕуӕлахизы тыххӕй. Ацы уӕлахиз равдыста, адӕм стыр аргъ кӕй кӕнынц Даниэль Оретгайы лӕггӕдтӕн йӕ бӕстӕйы раз ӕмӕ кӕй балӕууыдысты ногӕй йӕ программӕйы фарсмӕ, кӕцы здӕхт у республикӕйы алыварсон райрӕзтмӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ президенты ныхӕстӕ.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг равдыста ныфс, иумӕйаг тыхтӕй дыууӕварсон хӕларадон ахастытӕ, кӕцытӕ сӕвзӕрдысты Хуссар Ир ӕмӕ Никарагуайы хсӕн, дарддӕр дӕр кӕй рӕздзысты.
Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбарндзинад 2008 азы сентябры ӕмӕ ссис фыццаг бӕстӕ, кӕцы Уӕрӕсейы фӕстӕ банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.