Бибылты Анатолий раарфӕ кодта МХМ кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, уыдоныл баст кӕй у ӕмбӕстӕгты ныфс ирд фидӕнмӕ.
"Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бирӕ ӕзты дӕргъы хъахъхъӕнынц барадон фӕтк ӕмӕ закон. Паддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнадон ӕдасдзинад ӕххӕст кӕнын у уӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент бахахх кодта, гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ кӕй тох кодтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады сӕраппонд.
Бибылты Анатолий сӕрмагонд бузныг загъта милицийы ветерантӕн, кӕцытӕ стыр хайбавӕрд бахастой Хуссар Ирыстоны барадон фӕтк сфидар кӕныны хъуыддагмӕ.
Президенты цӕст бауарзта барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕн фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон ӕмӕ ӕнтыстытӕ службӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0