Хицауад аскъуыддзаг кодта, кӕд улӕфдзысты Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕ 2022 азы

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад аскъуыддзаг кодта, кӕд улӕфдзысты Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕ 2022 азы
Хицауад аскъуыддзаг кодта, кӕд улӕфдзысты Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕ 2022 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Ногазон бӕрӕгбонтӕ 2022 азы адарддӕр уыдзысты 1-ӕй 9-ӕм январмӕ. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл сфидар кодта фидӕн азы улӕфт бонты фӕтк.
Скъуыддзаг рахастӕуыд, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ рационалон пайда кӕной улӕфт бонтӕй ӕмӕ ӕнӕкусӕгон бӕрӕгбонтӕй, афтӕ ма цӕмӕй организациты саразой кусӕгон рӕстӕджы нывӕзт, банысан кодта хицауады аппараты разамонӕг Чамоков Азӕмӕт.
Фидӕн азы 1 ӕмӕ 2 январь сабат ӕмӕ хуыцаубонмӕ кӕй хауынц, уый фӕдыл уыдон ахастой сентябрмӕ – 22 ӕмӕ 23.
Уымӕй дарддӕр 2022 азы Хуссар Ирыстоны улӕфдзысты: 1-ӕй 9-ӕм январмӕ; 7 ӕмӕ 8 март; 30-ӕм апрелӕй 2-ӕм маймӕ; 7-ӕй 9-ӕм маймӕ; 28-ӕй 30-ӕм маймӕ; 11-ӕй 13-ӕм июнмӕ; 26-ӕй 28-ӕм августмӕ; 20-ӕй 25-ӕм сентябрмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0