https://sputnik-ossetia.com/20211110/khussar-iry-2022-azy-fafyldar-uydzysty-pensita-14655500.html
Хуссар Иры 2022 азы фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ
Хуссар Иры 2022 азы фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад нывӕнды фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ фидӕн азы 7,7 проценты бӕрц. Ахӕм фӕдзӕхст радта президент... 10.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-10T12:30+0300
2021-11-10T12:30+0300
2021-11-10T12:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/1b/10923300_0:300:2517:1715_1920x0_80_0_0_d7a97ffccc969663f7aaa0ef6e0d107e.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад нывӕнды фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ фидӕн азы 7,7 проценты бӕрц. Ахӕм фӕдзӕхст радта президент Бибылты Анатолий.Цхинвалы ӕртыццӕджы уагъд цӕуы хицауады рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан рахаста ӕрныхасмӕ ивындзинӕдтӕ Пенсион фонды 2021 азы бюджетмӕ (августы уагдон раивтой Социалон фондмӕ).Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕн аз нывӕндынц фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ 7,7 проценты бӕрц, ӕмӕ январы фиддонтӕ декабры кӕй хъуамӕ бафидой, уый тыххӕй фонды бюджет хъуамӕ сфидар кӕной ацы суммӕ хынцгӕйӕ.Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой ивындзинӕдтӕ. Президент бахахх кодта, уыдон здӕхт кӕй сты ӕмбӕстӕгты цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.Хуссар Ирыстоны пенситӕ ацы аз синдексаци кодтой 6,6 проценты бӕрц. Ацы фӕдзӕхст фехъусын кодтой президенты ныстуаны рӕстӕджы адӕм ӕмӕ парламентмӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20210902/Bibylty-Anatoliy-bafysta-baramynd-pensiisdzhytn-fiddont-bafidyny-fdyl-12752828.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/1b/10923300_0:0:2287:1715_1920x0_80_0_0_87032b2892594c9692b5df590e41b092.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры 2022 азы фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад нывӕнды фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ фидӕн азы 7,7 проценты бӕрц. Ахӕм фӕдзӕхст радта президент Бибылты Анатолий.
Цхинвалы ӕртыццӕджы уагъд цӕуы хицауады рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан рахаста ӕрныхасмӕ ивындзинӕдтӕ Пенсион фонды 2021 азы бюджетмӕ (августы уагдон раивтой Социалон фондмӕ).
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕн аз нывӕндынц фӕфылдӕр кӕнын пенситӕ 7,7 проценты бӕрц, ӕмӕ январы фиддонтӕ декабры кӕй хъуамӕ бафидой, уый тыххӕй фонды бюджет хъуамӕ сфидар кӕной ацы суммӕ хынцгӕйӕ.
Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой ивындзинӕдтӕ. Президент бахахх кодта, уыдон здӕхт кӕй сты ӕмбӕстӕгты цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.
"Ис хӕслӕвӕрд синдексаци кӕнын пенситӕ 7,7 проценты бӕрц. Уый хъуамӕ суа ӕрвылазон. Афтӕ ма, хъӕуы сахуыр кӕнын пенситӕ фӕфылдӕр кӕнын фарст", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Хуссар Ирыстоны пенситӕ ацы аз синдексаци кодтой 6,6 проценты бӕрц. Ацы фӕдзӕхст фехъусын кодтой президенты ныстуаны рӕстӕджы адӕм ӕмӕ парламентмӕ.