Хуссар Иры Балтайы хъӕуы арӕзт цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕн цырт

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры Балтайы хъӕуы арӕзт цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕн цырт
Хуссар Иры Балтайы хъӕуы арӕзт цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕн цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
Ацы хъӕуы нӕ бантыст сӕнусон кӕнын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджыты нӕмттӕ, ныр уыцы рӕдыд сраст кӕндзысты
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Балтайы хъӕуы фӕсивӕды фӕндонӕй арӕзт цӕуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджытӕн мемориал, фехъусын кодта Sputnik районы хистӕр Сиукъаты Олег.
Арӕзтады ӕххуыс кӕнынц хъӕуӕй рацӕугӕ амалиуӕггӕнӕнджытӕ, республикӕйы президент Бибылты Анатолий, парламент, хъӕуы адӕм, районы администраци та ӕххуыс кӕны техникӕйӕ.
Хуссар Иры премьер федта, куыд аразынц сывӕллӕтты лагерь Мзиугомы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.11.2021
Графикӕй раздӕр: Хуссар Иры премьер федта, куыд аразынц сывӕллӕтты лагерь Мзиугомы
"Ӕххуысмӕ нӕм фӕдзырдтой, арӕзтадмӕ фӕкастыстӕм техникӕйӕ", - загъта районы хистӕр.
Мемориалы сӕнусон кӕндзысты канд Балтайы хъӕуы цӕрджыты нӕмттӕ нӕ, фӕлӕ ӕввахс хъӕуты цӕрджыты, дзуры хъӕууон администрацийы сӕрдар Санахъоты Ростом
"Номхыгъдтӕ ныридӕгӕн фидар цӕуынц, ам сӕнусон кӕндзысты 270 адӕймаджы, фӕлӕ уыдон гӕнӕн уыдзӕн баххӕст кӕнын. Мемориал йӕхӕдӕг уыдзӕн ӕртӕ дурӕй, астӕуккаг иууыл бӕрзонддӕр - 2 метры бӕрц, уым уыдзӕн ӕфсӕддоны хуызист. Сӕ фарсмӕ дур систыл уыдзӕн Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты быдыры чи баззад ӕмӕ аннӕйыл та чи ӕрыздӕхт, уыдон", - загъта Санахъоты Ростом.
Арӕзтад фӕнд кӕнынц фӕуын ацы азы кӕронмӕ, кӕд боныгъӕд фадат радта.
"Хъӕуы цӕрджытӕн уадиссаг бирӕ сӕ бон нӕу, фӕлӕ ӕрӕмбырд кодтой 35 мин сомы. 120 мин сомы рахицӕн кодта президент Бибылты Анатолий, 50 мин сомы парламент. Нӕ хъӕуӕй ацӕугӕ амалиуӕггӕнӕг Дзиццойты Виктор ӕрырвыста 250 мин сомы ӕмӕ ма ноджы ныфс радта", - бафтыдта хъӕу хицау.
Уый ма бафтыдта, арӕзтады хорз ӕххуыс бакодта арӕзтадон ӕрмӕджыты заводы разамынад, уыдон ӕнӕаргъӕй сарӕзтой заказ.
Ног хабӕртты лентӕ
0