https://sputnik-ossetia.com/20211110/khussar-iry-khitsauad-khorzyl-banymadta-2022-azan-paddzakhadon-byudzhet-14655844.html
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2022 азӕн паддзахадон бюджет
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2022 азӕн паддзахадон бюджет
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2022 азы суыдзысты 8,7 миллиард сомӕй фылдӕр. Республикӕйӕн йӕхи ӕфтиӕгтӕ... 10.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-10T13:17+0300
2021-11-10T13:17+0300
2021-11-10T13:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/849/32/8493222_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_083d39a64c5b0650f95daa63282c9f1d.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2022 азы суыдзысты 8,7 миллиард сомӕй фылдӕр. Республикӕйӕн йӕхи ӕфтиӕгтӕ ахиздзысты иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард сомӕй.Хицауад ӕртыццӕджы хорзыл банымадта ӕрбалӕугӕ азы бюджеты проект, ӕввахс рӕстӕджы та ӕрвыст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ. Докладимӕ ралӕууыд финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ.Паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ уыдзысты аст миллиарды 795 милуан сомы. Уыдон нымӕцы Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс - 7,2 миллиард сомы бӕрц.Социалон-экономикон райрӕзты нысанӕн Инвестпрограммӕйы фӕрӕзтӕй дарддӕр хицӕнгонд ӕрцӕудзӕн 5,9 миллиарды. Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты мадзӕлтты реализацийӕн та 2022 азы ӕмбӕлы иу миллиард 350 милуаны.Республикӕйы хисӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ сты бюджеты иумӕйаг суммӕйы 17,1 проценты – иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиардӕй фылдӕр.Паддзахадон бюджет ист цӕуы ӕнӕ дефицитӕй, хӕрдзтӕ ӕмӕ ӕфтиӕгтӕ сты ӕмбӕрц.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/849/32/8493222_255:0:2986:2048_1920x0_80_0_0_22e218f6efeb88c22c2a173b3b6a3eb0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ, политикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ, политикӕ
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2022 азӕн паддзахадон бюджет
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2022 азы суыдзысты 8,7 миллиард сомӕй фылдӕр. Республикӕйӕн йӕхи ӕфтиӕгтӕ ахиздзысты иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард сомӕй.
Хицауад ӕртыццӕджы хорзыл банымадта ӕрбалӕугӕ азы бюджеты проект, ӕввахс рӕстӕджы та ӕрвыст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ. Докладимӕ ралӕууыд финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ.
Паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ уыдзысты аст миллиарды 795 милуан сомы. Уыдон нымӕцы Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс - 7,2 миллиард сомы бӕрц.
Социалон-экономикон райрӕзты нысанӕн Инвестпрограммӕйы фӕрӕзтӕй дарддӕр хицӕнгонд ӕрцӕудзӕн 5,9 миллиарды. Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты мадзӕлтты реализацийӕн та 2022 азы ӕмбӕлы иу миллиард 350 милуаны.
Республикӕйы хисӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ сты бюджеты иумӕйаг суммӕйы 17,1 проценты – иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиардӕй фылдӕр.
Паддзахадон бюджет ист цӕуы ӕнӕ дефицитӕй, хӕрдзтӕ ӕмӕ ӕфтиӕгтӕ сты ӕмбӕрц.