Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2022 азӕн паддзахадон бюджет

© Sputnik / Наталья Айриянхицауад
хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2022 азы суыдзысты 8,7 миллиард сомӕй фылдӕр. Республикӕйӕн йӕхи ӕфтиӕгтӕ ахиздзысты иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиард сомӕй.
Хицауад ӕртыццӕджы хорзыл банымадта ӕрбалӕугӕ азы бюджеты проект, ӕввахс рӕстӕджы та ӕрвыст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ. Докладимӕ ралӕууыд финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ.
Паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ уыдзысты аст миллиарды 795 милуан сомы. Уыдон нымӕцы Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс - 7,2 миллиард сомы бӕрц.
Социалон-экономикон райрӕзты нысанӕн Инвестпрограммӕйы фӕрӕзтӕй дарддӕр хицӕнгонд ӕрцӕудзӕн 5,9 миллиарды. Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты мадзӕлтты реализацийӕн та 2022 азы ӕмбӕлы иу миллиард 350 милуаны.
Республикӕйы хисӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ сты бюджеты иумӕйаг суммӕйы 17,1 проценты – иу ӕмӕ ӕрдӕг миллиардӕй фылдӕр.
Паддзахадон бюджет ист цӕуы ӕнӕ дефицитӕй, хӕрдзтӕ ӕмӕ ӕфтиӕгтӕ сты ӕмбӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0