Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 64 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæ Covid-19
 Covid-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны ивгъуыд суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 64 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik ӕртыццӕджы Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы дыццӕджы сарӕзтӕуыд 306 тесты. Ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 50 иртӕсты. Иу суткӕмӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 92 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 2273 пациенты", - банысан кодтой уагдоны.
Югосетпотребнадзоры ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 49 150 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9332 адӕймаджы.
Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 7059.
Хуссар Иры волонтер срӕвдз кодта коронавирусӕй рынчынты хостӕй сифтонг кӕныны архайд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2021
Хуссар Иры волонтер срӕвдз кодта коронавирусӕй рынчынты хостӕй сифтонг кӕныны архайд
Ног хабӕртты лентӕ
0