Сывӕллӕтты дохтыртӕ Донецкӕй исынц пациентты Цхинвалы

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæСывӕллӕтты дохтыртӕ Донецкӕй исынц пациентты Цхинвалы
Сывӕллӕтты дохтыртӕ Донецкӕй исынц пациентты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 ноя - Sputnik. Сывӕллӕтты дохтыр анестезиолог-реаниматолог Юлия Поляхова ӕмӕ сывӕллӕтты хирург Глеб Новиков Донецкӕй исынц пациентты республикон бирӕпрофилон медцентры (РБМЦ) Цхинвалы.

"Дохтыртӕ исдзысты пациентты сывӕллӕтты поликлиникӕйы 1077 кабинеты кусгӕ бонты 9.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ", - фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, министрад дарддӕр хондзӕн медикты фӕсарӕнтӕй республикӕмӕ кусынмӕ ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цалдӕр специалисты ӕрцыдмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0