https://sputnik-ossetia.com/20211111/uyrny-ma-idiot-y-ruadzhy-adam-kay-khuyzdar-kanynts-dostoevskiyy-uarzdzhyta-fyssadzhy-tykhkhay-14672444.html
Уырны мӕ, "Идиот"-ы руаджы адӕм кӕй хуыздӕр кӕнынц: Достоевскийы уарзджытӕ фыссӕджы тыххӕй
Уырны мӕ, "Идиот"-ы руаджы адӕм кӕй хуыздӕр кӕнынц: Достоевскийы уарзджытӕ фыссӕджы тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Абон, 11 ноябры, нысан кӕнынц номдзыд уырыссаг фыссӕг Федор Михаилы фырт Достоевскийы 200 азы юбилей. Классикы афӕдзы боны цытӕн йӕ... 11.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-11T15:16+0300
2021-11-11T15:16+0300
2021-11-11T15:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/0b/14669395_0:0:2069:1165_1920x0_80_0_0_401a51c526d0e4d4439209a3545ee809.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Абон, 11 ноябры, нысан кӕнынц номдзыд уырыссаг фыссӕг Федор Михаилы фырт Достоевскийы 200 азы юбилей. Классикы афӕдзы боны цытӕн йӕ сфӕлдыстады уарзджытӕ Ирыстонӕй радзырдтой Sputnik сӕ иууыл уарзондӕр уацмысты тыххӕй.Парфюмер, маркӕ Embrace perfume-ы бындурӕвӕрӕг Гайты Фатимӕ банысан кодта, Достоевский кӕй у номдзыд фыссӕг, кӕцыйы ахадыддзинад бӕрӕг у адӕм ӕй ныры онг кӕй фӕрсынц, уымӕй."Достоевскийӕ мын иууыл уарзондӕр роман у "Неточка Незванова". Ӕз ӕй бафарстон мӕ сабибонты, ӕмӕ йӕ уый фӕдыл лӕмбынӕгӕй бахъуыды кодтон. Роман кӕронмӕ фыст не рцыд, ӕмӕ фадат ис дӕхицӕн ахъуыды кӕнын сюжетыл", - загъта Гайты Фатимӕ.Журналист Тыджыты Батрадз та бахахх кодта, Достоевский номдзыд сарӕзта йӕ гоймагдзинад, уымӕн ӕмӕ уый ӕрмӕст фыссӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма философ дӕр.Афтӕ ма журналисты ныфс ис, Достоевскийы уацмыс "Идиот"-ы руаджы адӕм кӕй хуыздӕр кӕндзысты.Филолог Холянова Ольга та радзырдта Sputnik, Достоевскийӕн йӕ ӕппӕрццаг персонажтӕ дӕр лӕмбынӕгӕй кӕй раргом кӕнынц сӕхи."Скъолайы программӕйӕ Достоевскийы куы айсӕм, уӕд ӕй цӕрджыты фылдӕр хай фӕрсгӕ дӕр нӕ кӕндзысты. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕй хъӕуы бадӕттын ӕндӕрхуызонӕй хистӕркъласонтӕн", - бахахх кодта филолог.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/0b/14669395_0:0:2069:1553_1920x0_80_0_0_5192b2af547045fbc5b637e34c5e84a5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Абон, 11 ноябры, нысан кӕнынц номдзыд уырыссаг фыссӕг Федор Михаилы фырт Достоевскийы 200 азы юбилей. Классикы афӕдзы боны цытӕн йӕ сфӕлдыстады уарзджытӕ Ирыстонӕй радзырдтой Sputnik сӕ иууыл уарзондӕр уацмысты тыххӕй.
Парфюмер, маркӕ Embrace perfume-ы бындурӕвӕрӕг Гайты Фатимӕ банысан кодта, Достоевский кӕй у номдзыд фыссӕг, кӕцыйы ахадыддзинад бӕрӕг у адӕм ӕй ныры онг кӕй фӕрсынц, уымӕй.
"Достоевскийӕ мын иууыл уарзондӕр роман у "Неточка Незванова". Ӕз ӕй бафарстон мӕ сабибонты, ӕмӕ йӕ уый фӕдыл лӕмбынӕгӕй бахъуыды кодтон. Роман кӕронмӕ фыст не рцыд, ӕмӕ фадат ис дӕхицӕн ахъуыды кӕнын сюжетыл", - загъта Гайты Фатимӕ.
Журналист Тыджыты Батрадз та бахахх кодта, Достоевский номдзыд сарӕзта йӕ гоймагдзинад, уымӕн ӕмӕ уый ӕрмӕст фыссӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма философ дӕр.
"Достоевскийы уацмыстӕ иууылдӕр сты тынг психологион. Ӕмӕ бирӕтӕ нысан кӕнынц, Фрейд ӕмӕ Юнг бирӕ цыдӕртӕ кӕй райстой йӕ уацмыстӕй", - бафтыдта Тыджыты Батрадз.
Афтӕ ма журналисты ныфс ис, Достоевскийы уацмыс "Идиот"-ы руаджы адӕм кӕй хуыздӕр кӕндзысты.
Филолог Холянова Ольга та радзырдта Sputnik, Достоевскийӕн йӕ ӕппӕрццаг персонажтӕ дӕр лӕмбынӕгӕй кӕй раргом кӕнынц сӕхи.
"Скъолайы программӕйӕ Достоевскийы куы айсӕм, уӕд ӕй цӕрджыты фылдӕр хай фӕрсгӕ дӕр нӕ кӕндзысты. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕй хъӕуы бадӕттын ӕндӕрхуызонӕй хистӕркъласонтӕн", - бахахх кодта филолог.