Зæрдæты цæргæйæ баззад. Мамсыраты Тасолтаны мысгæйæ

© 15-Й РЕГИОНМамсыраты Тасолтан
Мамсыраты Тасолтан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2021
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны къуырийы райдианы йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой Ирон радио ӕмӕ телеуынынады легендӕ, республикӕйы адӕмон артист Мамсыраты Тасолтан. Зындгонд гоймаджы цардвӕндаджы тыххӕй бакӕсут 15-ӕм регионы бацӕттӕгонд ӕрмӕджы
ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik. Бирæты уырны, зæххон царды фæстæ адæймаг йе ‘цæг дуне кæй ссары, стæй йæ уд мæлæтæн сæттын кæй нæ бакомы, уый. Ацы хъуыды раст у æви мæнг, уый, хъыгагæн, мах нæ зонæм, фæлæ хорз адæймаджы ном адæмы зæрдæты æнустæм кæй баззайы, уый бæлвырд у. Царды фæндагыл къахдзæфтæ кæнгæйæ йæ бинонты, йæ хæлæртты æмæ йæ æмкусджыты зæрдæты рухс фæд чи ныууагъта, ахæм адæймæгтæй иу уыд Мамсыраты Тасолтан.
Уымæн йæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ирон театры. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй скъолайы хорз ныв кодта æмæ йæ фæндыд Ленинградмæ аивæдты академимæ ахуыр кæнынмæ бацæуын, фæлæ радиойæ фехъуыста, ирон театры сæйраг нывгæнæгæн æххуысгæнæджы кæй агурынц, уый тыххæй хъусынгæнинаг æмæ сæм телефонæй бадзырдта. Телефоны хæтæл цы сылгоймаг систа, уый Тасолтаны цæмæдæр ныхæстыл дардта (Тасолтан фæстæдæр бамбæрста, барæй кæй кодта, йæ хъæлæсмæ йын лæмбынæгдæр кæй хъуыста, уый – ред. фипп.) æмæ йæ фæстагмæ бафарста, театры кусын дæ нæ фæнды, зæгъгæ. Уыцы сылгоймаг разынд хъуыстгонд режиссер Бртъиаты Зарифæ.
© 15-Й РЕГИОНМамсыраты Тасолтан
Тасолтан Мамсуров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2021
Мамсыраты Тасолтан
Уæд театры æмбырд кодтой курдиатджын фæсивæды къорд. Зарифæ Тасолтаны фæхуыдта хи бафæлварынмæ, æмæ йæ конкурсы фæстæ айстой театралон студимæ. Тасолтан куыд дзырдта, афтæмæй уæд Зарифæ чи у, уый нæ зыдта, фæлæ йемæ куы акуыста, уæдæй фæстæмæ йæ нымадта йæ ахуыргæнæгыл. Бирæ азтæ куы рацыд, æмæ Зарифæ цæстæй куы нал уыдта, уæд, дам, æй зыдтон, æппынæдзух радиомæ кæй фæхъусы, уый, æмæ-иу мæ хабæрттæ уымæн кастæн, дзырдта йæ мысинæгтæ Тасолтан.
Тасолтан иу сезоны дæргъы куыста Хуссар Ирыстоны паддзазадон драмон театры дæр. Уырдæм æй фæхуыдта режиссер Хъайырты Владимир. Иу хатт æй республикæйы радиойы комитеты сæргълæууæг спектаклы архайгæйæ федта æмæ йын уый фæстæ лæгъстæ кæнын райдыдта, кусынмæ нæм рацу, зæгъгæ, фæлæ Тасолтанæн йæ бон театр ныууадзын нæ уыд, æмæ йын уæд сарæзтой театры дæр æмæ радиойы дæр куыд куса, ахæм график. Театралон сезон куы фæцис, уæд Тасолтан раздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ ам сси ирон телестудийы фыццаг нæлгоймаг-диктор.
"Гыццыл чызг ма куы уыдтæн, уæд мæнау бирæтæ базонгæ сты Тасолтанимæ телеуынынады экранмæ кæсгæйæ. Ирыстоны телеуынынады диктортæй уыд сæ фыццæгтæй. Уæдæ цæй аив æмæ цæй æнахуыр хъæлæсы хицау уыд. Рацæй-рабон æмæ мæ хъысмæт Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады комитетмæ кусынмæ æрбахуыдта. Ам бæлвырддæр базонгæ дæн Тaсолтанимæ. Куыд диктор, стæй куыд дзырды дæсны, афтæ-иу æй арæх фыстон, куы-иу радзырдтæ касти, куы та æмдзæвгæтæ. Тасолтанимæ мын æнцон кусæн уыди, уымæн æмæ фысгæ-фыссын-иу æм мæ зæрдæ нæ æхсайтта – куыд актер, афтæ куыста Цæгат стæй Хуссар Ирыстоны театрты", – мысы Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, звукорежиссер Газайты Зоя.

Мамсыраты Тасолтаны йе‘мкусджытæ зонынц куыдæгъдауджын, уæздан адæймаджы. Бирæ азты дæргъы радиойы иумæ кæимæ куыста, уыдонæй иу у журналист Бутаты-Хестанты Победæ. Победæ-иу хабæрттæ фыста, Тасолтан та сæ кæсгæ кодта. "Тасолтан уыд йæ æгъдау йæ разæй кæмæн цыд, ахæм ирон уæздан лæг. Уый йæ рæсугъд хъæлæсæй алы хæдзармæ дæр хаста фарны хабæрттæ. Микрофоны цур æрбадыны размæ йæхи цæттæ кодта тынг бæстонæй. Ирон дзырды, ирон ныхасы мидис, йæ арф хъуыды æмæ йын йæ уæз, йæ алы фæзилæн дæр хорз æмбæрста, æмæ уыдон бамбарын æмæ сæ бауарзын кæнынæн æххуыс кодта йæ фарсмæ чи куыста, уыцы кæстæртæн. Тасолтан канд актер æмæ диктор нæ уыд, фæлæ ма зарæггæнæг дæр, æмæ бирæ азтæ куы рацæуа, уæддæр йæ хъæлæс рухс кæндзæн ирон адæймаджы зæрдæ", – загъта Бутаты-Хестанты Победæ.
Мæргъиты хотæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Мӕргъиты хотӕ. Æрдзон курдиатæн дуры бын дæр нæй бамбæхсæн
Тасолтан-иу кæддæриддæр зæрдæхæларæй сæмбæлд радиомæ кусынмæ чи бацыд, уыцы фæсивæдыл. Никуы сын бавгъау кодта йæ зонындзæдтæ. Амыдта, микрофоны цур хи куыд дарын хъæуы æмæ хабæрттæ кæсгæйæ, хъæлæсы ахорæнтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый.
"Мамсыраты Тасолтаны хъæлæс мæ гыццылæй нырмæ хъуыстон. Фæлæ йæ, куыд хистæр æмæ профессионал, афтæ радиойы кусгæйæ базыдтон. Аргъгæнæг уыди ирон дзырдæн. Кæстæртæн-иу арæх амыдта, ирон ныхас тагъд дзурын кæй нæ уарзы, уый. Йæ зæрдæмæ нæ цыди, исчи-иу иронау хъуыдыйады кæрæттæ æмæ хицæн мыртæ "ныхъуыргæйæ" куы дзырдта, уæд уый дæр. Æнæмæнгæй-иу ын бауайдзæф кодтаид. Стæй кæстæртæн йæ зоныныдзинæдтæ никуы æвгъау кодта. Йæхæдæг-иу фæсидт, кæд уæ хъæуын, уæд уын баххуыс кæнынмæ цæттæ дæн, зæгъгæ. Мамсыраты Тасолтаны хуызæн дзырдæй чи пайда кодта æмæ кæны, ахæмтæ ма Ирыстоны стæмтæ баззадысты. Хъыгзæрдæйæ мæ бон зæгъын у, æмæ йе ‘цæг дунемæ ацыди, æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ аивдзинад йе ‘рвылбоны царды чи æвдыста, ахæм адæймаг", – загъта национ телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы журналист Гуыбаты Людæ.
Тасолтан æрмæст актер æмæ диктор нæ уыд, фæлæ ма зарæггæнæг дæр. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй сывæллон уæвгæйæ уарзта хистæртæ бæрæгбæтты куыд зарынц, уымæ хъусын. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ та архайдта зарæггæнджыты къорды. Фæстæдæр Тасолтаны аив, фæлмæн хъæлæс фехъуыстой алы ирон хæдзары дæр. Уый йæ зарынæй рухс кодта адæмы зæрдæтæ æмæ сын хаста æхцондзинад.
"Уæлдай æхсызгондæр та мын уыд куыд зарæггæнæг, афтæ Тасолтанимæ кусын. Куыд зонут, афтæмæй зарыд æрмæстдæр лирикон зарджытæ æмæ йын тынг дæсны уадысты, стæй æм-иу чи хъуыста, уыдонæн æхсызгон уыдис йæ зарынмæ хъусын. Уал азы фæкуыстам иумæ æмæ дзы иу æсхуыст ныхас никуы фехъуыстон. Уыцы иухуызæн кæддæриддæр — хæрзарæзт, иу æнцъылд, иу æртах йæ дзаумайыл никуы федтаис. Арæх-иу хынджылæг дæр кодтам: "Тасолтан, æвæццæгæн усгур цæуыс аизæр?" (мидбылты худы) æмæ-иу бахудти. Хъазæн ныхас уарзта, стæй йæ æмбаргæ дæр кодта. Уый æмæ æнæ уæлдай ныхас, уыцы уæзданæй дын-иу йæ хъуыды бамбарын кодтаид. Арæх-иу рацыд не ‘хсæн ныхас куысты фæдыл, бирæ пълæнттæ нæм уыдис йемæ, фæндыд æй цалдæр зарæджы ма куы ныффыстаид ме ‘ххуысæй, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæ уа…", — загъта Газайты Зоя.
Хуытыгаты Тамарæ
Ног хабӕртты лентӕ
0