Ирон спортсмен рамбылдта ӕвзист майдан Европӕйы фыццагады кикбоксингӕй

© Photo : Пресс-служба Минспорта РСО-АланияУалыты Тамерлан
Уалыты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Ирон спортсмен Уалыты Тамерлан ссис Европӕйы чемпионаты ӕвзист призер кикбоксингӕй, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы спорты министрады пресс-службӕ.
Европӕйы фыццагад кикбоксингӕй 13-18 азы кары ӕрыгӕтты хсӕн уагъд цӕуы горӕт Буддайы (Черногори).
"Ирон спортсмен Уалыты Тамерлан ӕрхаста Уӕрӕсейы командӕйӕн ӕвзист майдан 75 кг уӕзы категорийы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Спортсмены тренер у Хаситы Дмитрий.
Ног хабӕртты лентӕ
0