Экологон организацийы размӕцыдӕн: "Зеленая Алания" рауагъта хӕдӕттӕ

© Sputnik / Алан Цховребов"Зеленая Алания" рауагъта хӕдӕттӕ
Зеленая Алания рауагъта хӕдӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2021
"Зеленая Алания" рауагъта хӕдӕттӕ
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологон организаци "Зеленая Алания" рауагъта йӕхи сӕрмагонд символикӕимӕ хӕдӕттӕ. Сӕ уӕййӕ цы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕной, уыдон ацӕудзысты ӕхсӕнадон змӕлд "Зеленая Алания"-йы размӕцыдӕн.
Хӕдӕттӕ сты сау мӕр, ис сыл "Зеленая Алания"-йы логотип ӕмӕ слоган "Мы - зеленые, с нами мох".
"Фӕзынд нын нӕхи мерч. Хӕдӕттӕ сты цӕттӕ, уӕй цӕудзысты нӕ дуканийы. Уӕ зӕрдыл дарут, хӕдон ӕлхӕнгӕйӕ ахъаз стут ӕхсӕнадон змӕлд Зеленая Алания"-йы размӕцыдӕн", - загъта организацйы сӕрдар Габайты Зӕлинӕ.
Экологон организаци "Зеленая Алания" фӕзынд 2019 азы. Уӕдӕй нырмӕ йӕ уӕнгтӕ иу ӕмӕ дыууӕ проект не 'сӕххӕст кодтой. Дзурынц республикӕйы экологимӕ уӕлӕнгай ахасты тыххӕй, расидынц ӕфснайӕн акцитӕ, садзынц бӕлӕстӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕрдз бахъахъхъӕныны тыххӕй бирӕнымӕц мадзӕлттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0