Хъазиты Мелитон: ирон поэзи фӕмӕгуырдӕр Хъодзаты Ӕхсары ацыды фӕстӕ

Хъазиты Мелитон: ирон поэзи фӕмӕгуыр дӕр Хъодзаты Ӕхсары фӕстӕ
Рафыссын
Ирон поэт, публицист, тӕлмацгӕнӕг Хъодзаты Ӕхсар цы сфӕлдыстад ныууагъта, уый тыххӕй радио Sputnik эфиры радзырдта Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон
Йӕ цардӕй ахицӕн ирон поэт, публицист, тӕлмацгӕнӕг Хъодзаты Ӕхсар. Йӕ коллегӕ Хъазиты Мелитон куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ирон поэзи бирӕ фӕмӕгуыр дӕр уыдзӕн Ӕхсары ацыдӕй.
"Ӕвзонгӕй райдыдта фыссын, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нымад уыд куыд гъӕйт-мардзӕ поэт, афтӕ. Ӕз ӕй тынг хорз хъуыды кӕнын ӕмӕ йын йӕ поэзи барстой Вознесенский ӕмӕ Олжас Сулейменовы поэзиимӕ", - загъта Мелитон.
Фыссӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хъодзаты Ӕхсары цы поэттимӕ барстой, уыдонӕй йе ‘сфӕлдыстад къаддӕр ницӕмӕй у.
"Ныртӕккӕ ӕз Ӕхсары хуызӕн поэт никӕй зонын дыккаг. Кӕрӕдзиимӕ барӕн сын нӕй, фӕлӕ Ӕхсары поэзийӕн уыд стыр нысаниуӕг ирон литературӕйы", - банысан кодта Хъазиты Мелитон.
Хъазиты Мелитон нымайы Хъодзаты Ӕхсары стыр поэтыл, фӕлӕ йӕ дуджы критиктӕ уыд, ӕмӕ йын йӕ сфӕлдыстадыл ничи фыста.
Ног хабӕртты лентӕ
0