Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй Чехойты Анатолийы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй Чехойты Анатолийы
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй Чехойты Анатолийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий радта Кады Орден Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон-политикон архайӕг Чехойты Анатолийӕн. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы фӕлгӕтты Мӕскуыйы. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Хорзӕх радтой стыр сӕрмагонд сгуыхтдзинӕдты тыххӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы хсӕн хӕларадон ахастыты райрӕзтмӕ, активон ӕхсӕнадон-политикон архайды тыххӕй ӕмӕ йӕ 70-ӕм азы юбилейы цытӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта Чехойты Анатолийӕн ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад.
Чехойты Анатолий загъта бузныг Бибылты Анатолийӕн ахӕм бӕрзонд хорзӕхы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, тынг райгонд кӕй у райсын хорзӕх ахӕм нысаниуӕгджын мадзалы рӕстӕджы.
Чехойты Анатолий у Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь 1988-1989 азты, Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕйы дыккӕгӕм ӕмӕ ӕртыккӕгӕм ӕрсидты депутат.
Ног хабӕртты лентӕ
0