https://sputnik-ossetia.com/20211117/iron-avzagyl-film-razzhimaya-kulaki-ssis-evropayag-kinoakademiyy-premiyy-laureat-14723887.html
Ирон ӕвзагыл фильм "Разжимая кулаки" ссис Европӕйаг киноакадемийы премийы лауреат
Ирон ӕвзагыл фильм "Разжимая кулаки" ссис Европӕйаг киноакадемийы премийы лауреат
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Режиссер Кира Коваленкойы киноныв "Разжимая кулаки" ссис European Film Academy премийы лауреат, хъусын кӕны РИА Новости. 17.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-17T13:40+0300
2021-11-17T13:40+0300
2021-11-18T09:47+0300
ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/1c/12576563_0:0:1679:944_1920x0_80_0_0_563e24ba8fea880a1421c6ad96a99bce.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Режиссер Кира Коваленкойы киноныв "Разжимая кулаки" ссис European Film Academy премийы лауреат, хъусын кӕны РИА Новости. Кинолентæ "Разжимая кулаки", кæцы систа режиссер Кира Коваленко, нырмæ рамбылдта Каннаг кинофестивалы сæйрагдæр бакасттæй иу "Особый взгляд"- ы. Уым æвдыст цæуынц, ныййарæджы хъусдард зæнæгмæ æмбæлон арæнтæй куы ахизы, ахæм ахастытæ. Сæйраг хъайтартæ - трагикъон цауты фæстæ цæгатирыстойнаг шахтерты сахар Мызуры чи æрцард, уыцы бинонтæ. Сюжеты астæумагъз – фыд æмæ йе ‘ртæ сывæллоны ‘хсæн зын æмахастытæ. Лӕгӕн ис дыууӕ фырты ӕмӕ иу чызг, кӕцыты хъомыл кӕны тызмӕгӕй. Йӕ уарзондзинадӕй фыд "хурх" кӕны йӕ чызджы, йӕхицӕй йӕ никуыдӕм уадзы. Чызджы фӕнды алидзын хӕдзарӕй, фӕлӕ фыды амынӕтӕй зын фервӕзӕн у.
https://sputnik-ossetia.com/20210812/Iron-vzagyl-ist-film-Razzhimaya-kulaki-bavdisdzysty-Nyu-Yorky-festivaly-12651494.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/1c/12576563_195:0:1679:1113_1920x0_80_0_0_34c5027c3b65273ca4a9e057c1ee1584.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, культурӕ
ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, культурӕ
Ирон ӕвзагыл фильм "Разжимая кулаки" ссис Европӕйаг киноакадемийы премийы лауреат
13:40 17.11.2021 (Ранӕуӕггонд: 09:47 18.11.2021) ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Режиссер Кира Коваленкойы киноныв "Разжимая кулаки" ссис European Film Academy премийы лауреат, хъусын кӕны РИА Новости.
"Фильм рамбылдта сӕйраг европӕйаг кинопреми категори "Хуыздӕр монтаж"-ы - хорзӕх райста - кинонывы монтажы режиссер Къӕбулты Мухарам", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Кинолентæ "Разжимая кулаки", кæцы систа режиссер Кира Коваленко, нырмæ рамбылдта Каннаг кинофестивалы сæйрагдæр бакасттæй иу "Особый взгляд"- ы. Уым æвдыст цæуынц, ныййарæджы хъусдард зæнæгмæ æмбæлон арæнтæй куы ахизы, ахæм ахастытæ.
Сæйраг хъайтартæ - трагикъон цауты фæстæ цæгатирыстойнаг шахтерты сахар Мызуры чи æрцард, уыцы бинонтæ. Сюжеты астæумагъз – фыд æмæ йе ‘ртæ сывæллоны ‘хсæн зын æмахастытæ. Лӕгӕн ис дыууӕ фырты ӕмӕ иу чызг, кӕцыты хъомыл кӕны тызмӕгӕй. Йӕ уарзондзинадӕй фыд "хурх" кӕны йӕ чызджы, йӕхицӕй йӕ никуыдӕм уадзы. Чызджы фӕнды алидзын хӕдзарӕй, фӕлӕ фыды амынӕтӕй зын фервӕзӕн у.