https://sputnik-ossetia.com/20211117/khussar-iry-arta-akhuyrdzauy-arvystoy-alavard-umnitsy-i-umniki--yy-khayad-raysynma-14721734.html
Хуссар Иры ӕртӕ ахуырдзауы арвыстой алӕвӕрд "Умницы и умники"- йы хайад райсынмӕ
Хуссар Иры ӕртӕ ахуырдзауы арвыстой алӕвӕрд "Умницы и умники"- йы хайад райсынмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты ахуырдзаутӕ ӕртӕйӕ фыццаг хатт ралӕудзысты Уӕрӕсейы фыццаг каналы популярон алӕвӕрд... 17.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-17T10:08+0300
2021-11-17T10:08+0300
2021-11-17T13:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/11/14724848_1:0:1366:768_1920x0_80_0_0_35a86571a5ee678562e3ca3b750b3f8e.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты ахуырдзаутӕ ӕртӕйӕ фыццаг хатт ралӕудзысты Уӕрӕсейы фыццаг каналы популярон алӕвӕрд "Умницы и умники"- йы. Алӕвӕрды хайад исынмӕ ацыдысты дыккӕгӕм скъола, гимнази "Альбион" ӕмӕ Аивӕдты лицейы 11-ӕм къласонтӕ, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады пресс-службӕйы.Сӕ хъусинагмӕ гӕсгӕ, Тасойты Ада (дыккӕм скъола), Джиоты Батрадз (Лицей) ӕмӕ Коцты Владислав (Гимназ "Альбион") ӕвзӕрст ӕрцыдысты куыд республикон олимпиадӕты уӕлахиздзаутӕ, стӕй ма сын ис фидар зонындзинæдтӕ фӕсарӕйнаг литературӕ ӕмӕ историйӕ.Ацы фӕсивӕдӕй дыууӕйӕ цӕуынц ӕвзист майдантыл."Алӕвӕрдтӕ ист цӕудзысты ӕртӕ боны дӕргъы 18-20 ноябрьмӕ. Фӕстӕдӕр та рацӕудзысты эфиры" - бафтыдта уый."Умницы и умники" фадат дӕтты йӕ хуыздӕр архайджытӕн МГИМО-йы студент суӕвын ӕнӕ фӕлварӕнтӕй. Йӕ алӕвӕрдтӕ ӕвдыст цӕуынц фыццаг каналыл. Нырмӕ йӕ архайджыты нымӕцы уыдысты Ирыстоны цӕгаты минӕвӕрттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/11/14724848_179:0:1203:768_1920x0_80_0_0_b68eead8beb406b1046e0db4344fd879.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры ӕртӕ ахуырдзауы арвыстой алӕвӕрд "Умницы и умники"- йы хайад райсынмӕ
10:08 17.11.2021 (Ранӕуӕггонд: 13:17 17.11.2021) ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны астӕуккаг скъолаты ахуырдзаутӕ ӕртӕйӕ фыццаг хатт ралӕудзысты Уӕрӕсейы фыццаг каналы популярон алӕвӕрд "Умницы и умники"- йы. Алӕвӕрды хайад исынмӕ ацыдысты дыккӕгӕм скъола, гимнази "Альбион" ӕмӕ Аивӕдты лицейы 11-ӕм къласонтӕ, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады пресс-службӕйы.
Сӕ хъусинагмӕ гӕсгӕ, Тасойты Ада (дыккӕм скъола), Джиоты Батрадз (Лицей) ӕмӕ Коцты Владислав (Гимназ "Альбион") ӕвзӕрст ӕрцыдысты куыд республикон олимпиадӕты уӕлахиздзаутӕ, стӕй ма сын ис фидар зонындзинæдтӕ фӕсарӕйнаг литературӕ ӕмӕ историйӕ.
"Хуынд ӕрцыд алӕвӕрды амонӕгӕй министрадмӕ. Сӕрмагондӕй фӕсивӕд сӕхи бацӕттӕ кодтой алӕвӕрдмӕ. Ӕртӕ темӕ сын развӕлгъау загътой - "1942 дунейы", 1812 азы фыдыбӕстӕйон хӕст" ӕмӕ "Чарльз Диккенс"-ы сфӕлыстадон цард ", - загъта уагдоны пресс-секретарь Плиты Яна.
Ацы фӕсивӕдӕй дыууӕйӕ цӕуынц ӕвзист майдантыл.
"Алӕвӕрдтӕ ист цӕудзысты ӕртӕ боны дӕргъы 18-20 ноябрьмӕ. Фӕстӕдӕр та рацӕудзысты эфиры" - бафтыдта уый.
"Умницы и умники" фадат дӕтты йӕ хуыздӕр архайджытӕн МГИМО-йы студент суӕвын ӕнӕ фӕлварӕнтӕй. Йӕ алӕвӕрдтӕ ӕвдыст цӕуынц фыццаг каналыл. Нырмӕ йӕ архайджыты нымӕцы уыдысты Ирыстоны цӕгаты минӕвӕрттӕ.