Ирыстоны ӕцӕг патриот: ӕмтохонтӕ ӕмӕ коллегӕтӕ Хацырты Валерийы тыххӕй

© Photo : InstagramВалерий Хацырты
Валерий Хацырты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Ирыстоны 1990-ӕм ӕзты хъахъхъӕнджытӕй иу, Мӕхъӕлимӕ хӕсты архайӕг, столицӕйы донифтонгады уагдоны раздӕры разамонӕг Хацырты Валерий.
Хацырты Валерийыл цыд 68 азы, йӕ мӕлӕт ссис ӕнӕнхъӕлӕджы фыдохы цау йе 'ввахс адӕм ӕмӕ хӕлӕрттӕн. Уый рарынчын ис ӕрмӕст цалдӕр мӕйы размӕ, ӕнхъӕлмӕ йӕм кастысты снӕниз уӕвынмӕ.
Йӕ хӕлӕртты ӕмӕ коллегӕты хъуыдыйы Валерий баззад ныфсхаст хӕстонӕй, куырыхон разамонӕгӕй ӕмӕ Ирыстоны ӕцӕг патриотӕй.
Хацырты Валерий ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты баивта йӕ хӕрзвадат цард Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн бӕстӕм, ам хӕстон архӕйдтытӕ куы райдыдтой, уӕд. Уый бацыд хӕстхъомдӕр дӕлхайад - Коцты Грийы къорды скондмӕ.
"Валерий цард Цӕгат Ирыстоны. Куыста ӕрдзӕткъахӕны инженерӕй. Хуссар Ирыстоны рӕстӕг куы схӕццӕ, уӕд раздӕхт фӕстӕмӕ. Уыд Коцты Грийы къорды. Ӕз сӕм 1993 азы бацыдтӕн ӕмӕ йӕ уым баййӕфтон. Йӕхи лӕмӕгъ никуы равдыста, йе 'мбӕлтты зӕрдӕ йыл никуы фӕхудт. Уӕдӕй абонмӕ мах уыдыстӕм хӕлӕрттӕ", - радзырдта Sputnik Хацырты Валерийы ӕмбал Кобесты Маир.
Уыцы ӕзты уӕззау бонтӕ канд Ирыстоны хуссары не 'ркодта - хӕсты арт ӕрбанхъӕвзта цӕгатмӕ дӕр.
"Мӕхъӕлимӕ хӕстмӕ дӕр ацыдыстӕм иумӕ. Уым дӕр фӕстӕ ницӕмӕй фӕлӕууыд. Уый фӕстӕ ӕдзух лӕууыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнджыты нымӕцы ӕмӕ ӕмрӕстӕджы куыста горӕты донифтогады къабазы дӕр", - бафтыдта уый.
© InstagramВалерий Хацырты
Валерий Хачиров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2021
Валерий Хацырты
Йе 'мгӕрттӕ ӕмхъӕлӕсӕй дзурынц, уый ӕнахуыр ӕнувыд кӕй уыд Ирыстоныл - ныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй.
"Цӕсгомджын ӕмӕ ӕгъдауджын уыд, ӕцӕг патриот. Адӕм Ирыстонӕй лидзгӕ кодтой, уый та фӕстӕмӕ рацыд. Куыд хӕстон, афтӕ та йӕхи никуы бааууон кодта", - дзуры йӕ иннӕ ӕмтохон Гуыззыттаты Эдуард.
Хацырты Валерий ма йӕ хӕстон ӕмгӕрттӕй дарддӕр хорз адӕймаджы ном скодта, цы коллективы хсӕн куыста, уым.
"Валерий Георгийы фырт уыд бӕрнон ӕмӕ ныфсы лӕг. Ӕнтыст ын скъуыддзаг кӕнын вазыгджын фарстытӕ. Нӕ уагдоны уымӕй хуыздӕр кусӕг нӕ уыд, махӕн та баззад профессионализмы дӕнцӕгӕй", - радзырдта Sputnik "Водоканал"-ы директоры хӕдивӕг Джиоты Инга.
Хацырты Валерий фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзысты майрӕмбоны, Цхинвалы.
Цхинвалы ӕрӕмысыдысты Иры хъайтар Коцты Грийы ном - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2020
Цхинвалы ӕрымысыдысты Иры хъайтар Коцты Грийы ном
Ног хабӕртты лентӕ
0