Тренер фехъусын кодта Гасситы Мурӕты тохы датӕ

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон боксер-профессионал Гасситы Мурӕт ауадздзӕн йӕ радон тох украинаг Андрей Руденкоимӕ IBF Intercontinental роныл, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.
Сланты Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тох ацӕудзӕн 25 декабры Сочийы.
"Цӕттӕкӕнынад рагӕй цӕуы. Фыццаг тренировкӕтӕ цыдысты Дзӕуджыхъӕуы, ныр та цӕуынц Олимпиаг базӕйы Кисловодскы. Тохӕй цалдӕр бон раздӕр мах ацӕудзыстӕм Сочимӕ, цы ран цӕудзӕн тох", - загъта Сланты Виталий.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕты командӕ уыдзӕн Кисловодскы цӕттӕкӕнынады фӕудмӕ.
Андрей Руденкойӕн ис Уӕрӕсейы тох кӕныны фӕлтӕрддзинад. 2017 азы украинаг фембылд тӕрхонгӕнджыты скъуыддзагмӕ гӕсгӕ Александр Поветкинӕн. Руденкойыл цӕуы 38 азы, уый рингыл рамбылдта 34 тохы ӕмӕ фондз хатт та фембӕлд.
Гасситы Мурӕт райдыдта архайын иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы 2020 азы ӕмӕ рамбылдта Нури Сефери ӕмӕ Михаэль Валлишы. Ирон боксер рамбылдта 28 тохы ӕмӕ иу хатт та фембылд.
Ног хабӕртты лентӕ
0