Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры фыццаг президентӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

© МИА "Южная Осетия сегодня"Цыбырты Людвиг
Цыбырты Людвиг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта РХИ фыццаг президент, историон зонӕдты доктор, профессор Цыбырты Людвигӕн йӕ Райгуырӕн боны цытӕн.
Президент бахахх кодта, Ирыстон кӕй аргъ кӕны номдзыд паддзахадон ӕмӕ политикон архайӕгӕн, зындгонд ахуыргондӕн, йӕ адӕмы ӕцӕг патриотӕн, Республикӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг президентӕн.
"Бирӕ ӕзты дӕргъы Ды лӕггад кӕныс ирон адӕмӕн. Куыстуарзын, курдиат ӕмӕ адӕймаджы миниуджыты руаджы, Дӕуӕн ис сгуыхт авторитет Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы зонадон зылдты", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий банысан кодта Цыбырты Людвиджы хайбавӕрд республикӕйы паддзахаддзинады арӕзтад ӕмӕ райрӕзтмӕ.
Афтӕ ма президенты цӕст бауарзта Цыбырты Людвигӕн фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон, йӕ нывӕзтыты реализаци ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ академион къабазы.
Ног хабӕртты лентӕ
0