Цхинвалы спрезентаци кодтой Хуссар Иры фӕндаг амонӕг

© Natalia AiriyanЦхинвалы спрезентаци кодтой Хуссар Иры фӕндаг амонӕг
Цхинвалы спрезентаци кодтой Хуссар Иры фӕндаг амонӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы спрезентаци кодтой республикӕйы фӕндаг амонӕг туристтӕн. Мадзалмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад премьер-министр Бекъойты Геннадийы сӕргълӕудӕй, афтӕ ма сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бавдыстой брошюра, кӕцыйы ис маршруттӕ республикӕйыл ӕмӕ информаци Паддзахад Аланийы истори ӕмӕ археологийы фӕдыл.
"Туризм у нӕ экономикӕйы приоритетон здӕхттӕй сӕ иу. Нӕ республикӕйӕн ис егъау туристон потенциал, кӕцы хъӕуы райтынг кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, республикӕйы къухдариуӕгад стыр хъусдард здахы туризмы райрӕзтмӕ. Нӕ фадӕттӕм гӕсгӕ, иуварс кӕнӕм инфраструктурӕимӕ проблемӕтӕ. Фӕнды мӕ банысан кӕнын, иууыл проблемон моменттӕ кӕй сты нормативон-барадон базӕ ӕрнывыл кӕнын ӕмӕ лӕггӕдты гъӕд", - загъта Бекъойты Геннадий.
Фӕндаг амонӕджы автортӕй иу Таймураз Гогинов радзырдта брошюрайыл куысты тыххӕй.
Фӕндаг амонӕджы ӕмавтортӕ сты республикӕйы базарадон минӕвар Мӕскуыйы Таймураз Гогинов, гид Карсанты Гурам ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.
Ног хабӕртты лентӕ
0