https://sputnik-ossetia.com/20211121/mamity-grigoriy-23-noyabry-khaytartyl-anamang-khuyd-sisyn-filmta-14740117.html
Мамиты Григорий: 23 ноябры хъайтартыл ӕнӕмӕнг хъуыд сисын фильмтӕ
Мамиты Григорий: 23 ноябры хъайтартыл ӕнӕмӕнг хъуыд сисын фильмтӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны 23 ноябрь у Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бон. Нырыккон историйы сӕрибардзинады сӕрыл тохы ацы датӕйӕн стыр нысаниуӕг ис - уыцы бонӕй... 21.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-21T12:30+0300
2021-11-21T12:30+0300
2021-11-21T12:30+0300
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/12/14740055_0:0:3001:1688_1920x0_80_0_0_e6c5d8446564afbae24df98e31e82aee.jpg
Мамиты Григорий: ирон адӕм фӕстаг ӕнусы дӕргъы бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мамиты Григорий: ирон адӕм фӕстаг ӕнусы дӕргъы бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой
Хуссар Ирыстоны 23 ноябрь у Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бон. Нырыккон историйы сӕрибардзинады сӕрыл тохы ацы датӕйӕн стыр нысаниуӕг ис - уыцы бонӕй райдыдта национ ирвӕзынгӕнӕн тох. Мамиты Григорий, Хуссар Ирыстоны драмон театры актер ӕмӕ режиссер, телеамонӕг, систа алӕвӕрдты цикл Ирыстоны хъайтартыл, кӕцытӕ уыцы фыдӕвзарӕн бонты бахъахъхъӕдтой сӕ райгуырӕн бӕстӕ. Григорийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ирон адӕм фӕстаг ӕнусы уыййас зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, ӕмӕ иууылдӕр сты хъайтартӕ. "Афтӕ ма куы уаид ӕмӕ сӕ нӕхӕдӕг нӕ федтам - сӕдӕ азы размӕ цы уыд, уый ӕндӕр хабар у, фӕлӕ 1990-ӕм ӕмӕ 2008-ӕм азты нӕхӕдӕг уыдыстӕм ӕвдисӕнтӕ уыцы фыдмитӕн", - загъта Григорий. Телеамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртын минӕй фылдӕр адӕймаджы ныхмӕ цы чысыл адӕмы къорд слӕууыд, уыдон ӕцӕг хъайтартӕ сты ӕмӕ 23 ноябрь дӕр у ӕцӕг ӕхсардзинады бон. "Фараст азы размӕ ахуыры куы уыдтӕн, уӕд мӕ бӕллиц уыд телеуынынады кусын. Уӕд ме ‘мбал Тыбылты Аланимӕ ныхӕстӕ кодтон, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы саразын фильмтӕ хъайтартыл - документалон уа ӕви нывӕфтыд, уӕлдай нӕу. Ӕмӕ нын бантыст", - радзырдта Мамиты Григорий. Григорий банысан кодта, цы телепроект ӕрымысыдысты журналист Бестауты Юляимӕ, уым сӕ фӕндыд, Гуырдзыимӕ хӕсты рӕстӕджы цы ӕвзонг фӕсивӕд хӕцыд, уыдонӕн бамбарын сӕ цардахаст, цы сӕ сразӕнгард кодта хъабатырдзинадмӕ, уыдӕттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/12/14740055_116:0:2783:2000_1920x0_80_0_0_a351546ef1257e5bbd3e871de4eb9e90.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
радио иронау , аудио
Хуссар Ирыстоны 23 ноябрь у Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бон. Нырыккон историйы сӕрибардзинады сӕрыл тохы ацы датӕйӕн стыр нысаниуӕг ис - уыцы бонӕй райдыдта национ ирвӕзынгӕнӕн тох. Мамиты Григорий, Хуссар Ирыстоны драмон театры актер ӕмӕ режиссер, телеамонӕг, систа алӕвӕрдты цикл Ирыстоны хъайтартыл, кӕцытӕ уыцы фыдӕвзарӕн бонты бахъахъхъӕдтой сӕ райгуырӕн бӕстӕ. Григорийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ирон адӕм фӕстаг ӕнусы уыййас зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, ӕмӕ иууылдӕр сты хъайтартӕ.
"Афтӕ ма куы уаид ӕмӕ сӕ нӕхӕдӕг нӕ федтам - сӕдӕ азы размӕ цы уыд, уый ӕндӕр хабар у, фӕлӕ 1990-ӕм ӕмӕ 2008-ӕм азты нӕхӕдӕг уыдыстӕм ӕвдисӕнтӕ уыцы фыдмитӕн", - загъта Григорий.
Телеамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртын минӕй фылдӕр адӕймаджы ныхмӕ цы чысыл адӕмы къорд слӕууыд, уыдон ӕцӕг хъайтартӕ сты ӕмӕ 23 ноябрь дӕр у ӕцӕг ӕхсардзинады бон.
"Фараст азы размӕ ахуыры куы уыдтӕн, уӕд мӕ бӕллиц уыд телеуынынады кусын. Уӕд ме ‘мбал Тыбылты Аланимӕ ныхӕстӕ кодтон, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы саразын фильмтӕ хъайтартыл - документалон уа ӕви нывӕфтыд, уӕлдай нӕу. Ӕмӕ нын бантыст", - радзырдта Мамиты Григорий.
Григорий банысан кодта, цы телепроект ӕрымысыдысты журналист Бестауты Юляимӕ, уым сӕ фӕндыд, Гуырдзыимӕ хӕсты рӕстӕджы цы ӕвзонг фӕсивӕд хӕцыд, уыдонӕн бамбарын сӕ цардахаст, цы сӕ сразӕнгард кодта хъабатырдзинадмӕ, уыдӕттӕ.