ПӔК фехъусын кодта Хуссар Иры арӕнхалджыты нымӕц октябры

© Sputnik / Natalia Airiyan ПӔК фехъусын кодта Хуссар Иры арӕнхалджыты нымӕц октябры
ПӔК фехъусын кодта Хуссар Иры арӕнхалджыты нымӕц октябры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) информацимӕ гӕсгӕ, октябры паддзахадон арӕны алыгъуызон фадгуытыл ӕрурӕдтой 19 арӕнхалӕджы. Сентябры арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой дыууӕ хатты фылдӕр арӕнхалджыты – 48.
Октябры кӕй ӕрурӕдтой, уыдонӕй 13 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, ӕхсӕз та арӕнгӕрон режим. ПӔК Арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕрст алкӕцы цауы фӕдыл дӕр.
"Процессуалон архайды рӕстӕджы паддзахадон арӕн фехалыны тыххӕй иу адӕймаджы ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг", - фехъусын кодтой уагдоны.
Аннӕ арӕнхаджыты фӕдыл райстой административон бӕрндзинады мадзӕлттӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас – цыппар адӕймаджы фӕивар кодтой, 11 адӕймаджы феддӕдуар кодтой Хуссар Ирыстонӕй, ӕртӕйы та бафӕдзӕхстой.
Гуырдзыстоны уӕззау санитарон-эпидемиологон уавӕр кӕй ис, уый фӕдыл ПӔК рекомендаци кӕны республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ уазджытӕн ӕххӕст кӕнын законон режимтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0